Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 50:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Вавилойнаг зӕхкусджытӕ ӕмӕ хуымгӕрдджыты ныццӕгъдут! Ӕгъатыр карды тӕссӕй алчидӕр йӕ адӕммӕ раздӕхӕд, йӕхи зӕхмӕ лидзӕд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 50:16
7 Iomraidhean Croise  

Уӕд ӕцӕгӕлӕттӕй алчидӕр тарст сычъийау, дзӕгъӕл фысау лидзӕг фӕуыдзӕни йӕхи адӕм, йӕхи бӕстӕм.


Цыма домбай йӕ лӕгӕтӕй рацыд, уый хуызӕн сси, ӕмӕ ӕгъатыр мастӕй, Йӕ судзгӕ мастӕй ӕдзӕрӕг быдыр фестади зӕхх!


Уый афӕлдӕхта бирӕты. Кӕрӕдзиуыл фӕхаудысты, дзырдтой: «Уӕлӕмӕ сыстут, аздӕхӕм нӕ адӕммӕ, нӕхи зӕххыл ӕгъатыр кардӕй фервӕзӕм!»


Фыййауы ӕд рӕгъау, зӕхкусӕджы ӕд галтӕ, бӕстӕйы зылдтӕ ӕмӕ сахарты хицӕутты-иу дӕуӕй ныддӕрӕн кодтон».


«Вавилонӕн нӕ хостӕ ницы баххуыс сты». «Ныууадзӕм ӕй, ӕмӕ алчидӕр йӕхи зӕхмӕ аздӕхӕд. Уымӕн ӕмӕ йӕ азар сӕххӕссыд уӕларвмӕ, ӕврӕгъты онг схӕццӕ ис».


Къӕмдзӕстыгӕй лӕуут, зӕхкусджытӕ, ныддодой кӕнут, сӕндондартӕ, мӕнӕу ӕмӕ хъӕбӕрхорыл ныккӕут, уымӕн ӕмӕ быдырты бӕркад фесӕфтис.


Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, Уӕларвӕфсады Бардарӕг: алы фӕзы дӕр хъуысдзӕнис хъарӕг, алы уынджы дӕр додой кӕндзысты. Се ’ххуырстытӕм ӕмӕ хъарӕггӕнджытӕм зианмӕ фӕдзурдзысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan