Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 50:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Дунедарӕг ӕм смӕсты ис, ӕмӕ йӕ зӕххыл цӕрӕг нал баззайдзӕн, ӕгасӕй дӕр сафтид уыдзӕн. Вавилоны рӕзты чидӕриддӕр фӕцӕйцӕуа, уый-иу стыр дисы бафтдзӕн ӕмӕ ныкъуыззит кӕндзӕн, йӕ хъӕдгӕмттӕм ын кӕсгӕйӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 50:13
18 Iomraidhean Croise  

Адӕм-иу сӕ къухтӕ кӕрӕдзиуыл ныкъкъӕрц ласдзысты, къуыззитт кӕндзысты, йӕ фӕдыл кӕсгӕйӕ.


Сӕ зӕхх адӕмыл ӕвирхъау тас ӕфтаудзӕн, мыггагмӕ сӕгад уыдзӕн! Сӕ рӕзты чи фӕцӕйцӕуа, уый-иу, йӕ сӕр ӕнкъусгӕйӕ, стыр дисы бафтдзӕн.


Ӕз ацы сахар сафтид кӕндзынӕн ӕмӕ йӕ худинаджы бын фӕкӕндзынӕн. Йӕ цурты чидӕриддӕр ацӕуа, уый-иу, йӕ цӕфтӕм кӕсгӕйӕ, стыр дисы бафтдзӕн ӕмӕ ныкъкъуыззит кӕндзӕн.


Ӕвдай азы куы рацӕуа, уӕд Ӕз сӕ фыдракӕндты тыххӕй Вавилоны паддзах ӕмӕ йӕ адӕмы, стӕй халдейӕгты бӕстӕ бафхӕрдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕнусмӕ йӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн.


Ӕз бардзырд ратдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ фӕстӕмӕ ацы сахармӕ раздӕхдзысты. Ӕрхъула йыл кӕндзысты, бацахсдзысты йӕ ӕмӕ йӕ басудздзысты. Ӕз Иудейы сахартӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн».


Едомы зӕхх алкӕуыл тас ӕфтаудзӕни йӕ уындӕй. Йӕ рӕзты чи фӕцӕйцӕуа, уый-иу фыр дисӕй ныкъуыззит кӕндзӕн, йӕ хъӕдгӕмттӕм кӕсгӕйӕ.


Цӕгатаг адӕм йӕ ныхмӕ сыстадысты ӕмӕ йын йӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзысты. Нал дзы адӕймаг баззайдзӕн, нал сырды мыггаг, ацӕудзысты ӕмӕ рахау-бахау кӕндзысты.


Сис амайынӕн ӕмӕ бындур ӕвӕрынӕн дын дӕ дуртӕй ничи сисдзӕн, ӕнусмӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестдзынӕ, — зӕгъы Дунедарӕг.


Зӕхх ӕнкъуысы ӕмӕ ризы, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ныридӕгӕн ӕххӕст кӕны, Вавилоны тыххӕй цы снысан кодта, уый: Вавилоны зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕнын, цӕрӕг дзы куыннӕуал баззайа, афтӕ.


Вавилон хӕлддзӕгты кӕри фестдзӕн, хъӕддаг куыйтӕн — цӕрӕнбынат. Йӕ уындӕй алкӕй тасы ӕфтаудзӕн ӕмӕ хынджылӕггаг суыдзӕн, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззайдзӕн.


Зӕгъ-иу: „О Дунедарӕг! Ды сфӕнд кодтай ацы бынат фесафын, цӕмӕй дзы адӕм дӕр ӕмӕ сырдтӕ дӕр макуыуал ӕрцӕрой, цӕмӕй ӕдзӕрӕг быдыр феста“.


Иннӕ адӕмты сӕудӕджертӕ та дыл куы кӕнынц ӕхситт, ӕвирхъау тас куы ’фтауы алкӕуыл дӕ хъысмӕт — ды бабын дӕ мыггагмӕ».


Ӕнӕмӕтӕй ӕмӕ райгӕйӕ чи царди, ацы сахар уый у? Йӕхинымӕр-иу дзырдта, мӕнӕн ӕмбал нӕй зӕххы цъарыл, зӕгъгӕ, фӕлӕ ныр мӕнӕ хӕлддзӕгты кӕри ӕмӕ сырдтӕн цӕрӕнбынат фестад. Йӕ цурты чи цӕуа, уый ныхситт кӕндзӕн ӕмӕ йыл йӕ къух ауигъдзӕн.


ӕнӕмӕт адӕмтӕм Мӕ маст ссыгъд. Раздӕр сӕм уый бӕрц нӕ мӕсты кодтон, фӕлӕ сӕ фыдракӕндтӕ ноджы фылдӕр систы.


Уӕ фӕстӕ чи рахъомыл уа, уыцы фӕлтӕртӕ дӕр ӕмӕ дардбӕстаг ӕцӕгӕлӕттӕ дӕр зӕгъдзысты, ацы бӕстӕйы бӕллӕхтӕ ӕмӕ йыл Дунедарӕг цы рынтӕ бафтыдта, уыдонмӕ кӕсгӕйӕ,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan