12 Фӕлӕ уӕ ныййарӕг мад фӕхудинаг ӕмӕ сӕгад уыдзӕн, адӕмты ’хсӕн ныллӕгдӕр бынат бацахсдзӕн, ӕдзӕрӕг быдыр, ӕнӕдон зӕхх фестдзӕн.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг зӕгъы: «Ӕз сӕ ныхмӕ рацӕудзынӕн ӕмӕ Вавилоны адӕмы бындзагъд ныккӕндзынӕн — цъиуызмӕлӕг дӕр сӕ нал баззайдзӕн, фырт-бындар ӕмӕ сӕм хӕрӕфырт-бындарӕй чи ис, уыдон иууылдӕр бабын уыдзысты.
Гъе уый дын халдейӕгты бӕстӕ! Йӕ кой дӕр нал ис. Ассириӕгтӕ йӕ, ӕдзӕрӕг быдыры цы хъӕддаг сырдтӕ цӕрынц, уыдоны бар бакодтой. Сӕхицӕн мӕсгуытӕ самадтой ӕмӕ йын ныппырх кодтой йӕ фидӕрттӕ, хӕлддзӕгтӕ йӕ фестын кодтой.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, цы исбон балӕвар кодтон, уымӕ чи бахъавыд, уыцы фыдзӕрдӕ сыхӕгты Ӕз сӕ зӕххӕй срӕдувдзынӕн, Иудӕйы мыггаджы та ратондзынӕн се ’хсӕнӕй.
Авд сывӕллоны ныййарӕгмӕ ныр хъару нал ис, ӕмӕ йӕ уд исы, ӕмбисбон аныгуылди йӕ хур, сӕгад ӕмӕ фӕхудинаг ис. Чи ма аирвӕзт, уыдоны та Ӕз карды амӕттаг бакӕндзынӕн се знӕгты цӕстыты раз», — зӕгъы Дунедарӕг.
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг иудейаг паддзахы хӕдзары тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Ды Галаад ӕмӕ Ливаны хӕхтау лӕууыс Мӕ разы, фӕлӕ дӕ Ӕз ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, дӕ сахарты цӕрӕг нал баззайдзӕн.
Ӕвдай азы куы рацӕуа, уӕд Ӕз сӕ фыдракӕндты тыххӕй Вавилоны паддзах ӕмӕ йӕ адӕмы, стӕй халдейӕгты бӕстӕ бафхӕрдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕнусмӕ йӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн.
цӕгаты дард ӕмӕ хӕстӕг паддзӕхтӕн, иуӕн иннӕйы фӕдыл — зӕххыл цыдӕриддӕр паддзахӕдтӕ ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Шешахы паддзах та уыцы кӕхцӕй ӕппӕты фӕстаг бануаздзӕн.
Уымӕ гӕсгӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ аммонаг Раввайы цур тохы хъӕртӕ райхъуысдзысты. Хӕлддзӕгты кӕри фестдзӕн, йӕ чызджытӕ арты басудздзысты, ӕмӕ Израил, кӕй дӕлбар уыди, уыцы адӕмӕн хицау суыдзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.
Вавилоны сахартӕ сафтид сты, бахус ис йӕ зӕхх, ӕдзӕрӕг быдыр фестад, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззад, иу цӕуӕг ыл нал ис.
Афон куы ралӕууа, уӕд Ӕз вавилойнаг гуымирыты ныззыгуым кӕндзынӕн. Вавилоны зӕхх ӕгасӕй дӕр фӕхудинаг уыдзӕн, ӕмӕ йӕ уӕлӕ мӕрдтӕ лӕзӕрдзысты.
Уӕларвон Йерусалим та сӕрибар у — не ’ппӕты мад.
Йӕ тӕрныхыл фыст уыди, сусӕг нысаниуӕг кӕмӕн ис, ахӕм ном: «Стыр Вавилон, хъахбайты ӕмӕ зӕххон ӕлгъаг миты мад».