Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 50:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Мӕ бынтӕ Мын куы фӕдавтат, уӕд цинӕй мардыстут, уӕ цинӕн кӕрон нал уыди. Родтау кӕрдӕгыл гӕппытӕ кодтат ӕмӕ уырсытау уӕ мыр-мыр цыди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 50:11
32 Iomraidhean Croise  

Мӕгуыр лӕгыл чи худы, уый йын йе Сфӕлдисӕджы ’фхӕры; искӕй хъыгыл цин чи кӕны, уый ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн.


Ӕз смӕсты дӕн Мӕ адӕммӕ, уыдоны, Мӕ исбон, фидиссаг фӕкодтон ӕмӕ дын сӕ афтӕмӕй радтон дӕ къухмӕ. Ды сыл ницӕмӕй бацауӕрстай — зӕрӕдтыл дӕр ма дӕ уӕззау ӕфсондз сӕвӕрдтай.


Уӕдӕ Мӕм ныр ӕрбайхъус, буцахуыр, ӕнӕмӕт ӕхсин, афтӕ чи зӕгъы: „Мӕнӕн ӕмбал нӕй, ӕз идӕдзӕй никуы баззайдзынӕн, мӕ цот мӕ разӕй мӕрдтӕм нӕ бацӕудзысты“.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, цы исбон балӕвар кодтон, уымӕ чи бахъавыд, уыцы фыдзӕрдӕ сыхӕгты Ӕз сӕ зӕххӕй срӕдувдзынӕн, Иудӕйы мыггаджы та ратондзынӕн се ’хсӕнӕй.


Мысыры зӕхх — рӕсугъд хъуджы хуызӕн, цӕгатӕй йӕм ӕрбатӕхы дзынга.


Мысыры суанг ӕххуырст лӕг дӕр — хӕрзхаст гал, ныр лидзӕг фесты: нӕй хъару хӕцынӕн. Се сӕфты бон ралӕууыд, сӕ тӕрхоны рӕстӕг ӕрцыд.


Снард сты, сӕ буӕрттӕ фыр нӕрдӕй ӕрттивынц, сӕ фыдракӕндтӕн кӕрон нал ис. Сидзӕрты хъаст сӕхи пайдайӕн ӕвзарынц, раст тӕрхон нӕ кӕнынц, нӕ хъахъхъӕнынц мӕгуырты бартӕ.


Хӕрзхаст бӕхтау схъахбай сты, алчидӕр дзы мыр-мыр кӕны кӕйдӕр усмӕ.


Израил у дзӕгъӕл фысты рӕгъау, домбӕйттӕ йӕ алырдӕмты фӕсырдтой. Раздӕр ӕй хордта Ассирийы паддзах, фӕлӕ йын ацы фӕстаг, Вавилоны паддзах Навуходоносор, йе стджытӕ дӕр бахсыдта.


Йӕ галты йын иууылдӕр амарут, сӕргӕвдут сӕ! Додойаг фесты! Сӕ азары бон, сӕ тӕрхоны рӕстӕг ралӕууыд!


Мӕ хъӕрзын хъуысы ме знӕгтӕм дӕр, хъуысы, нӕй сабыргӕнӕг, знӕгтӕ цин кӕнынц, цы мын бакуыстай, ууыл! Дӕ тӕрхоны бон ралӕууӕд! Мӕ фыдгултӕ мӕ фӕндӕгтыл фӕцӕуӕнт!


Израилы исбон куы ныггӕныстон, уӕд ды ууыл кӕй цин кодтай, уый тыххӕй дын Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ ды дӕр, Сеиры хох, заууатмӕ ӕрцӕудзынӕ, стӕй ӕппӕт Едом. Ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“».


афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Мӕ маст пиллон уагъта, афтӕмӕй Ӕз дзырдтон иннӕ адӕмты ныхмӕ, уыимӕ ӕппӕт Едомы ныхмӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ зӕхх бакодтой сӕ исбон, цинӕй райгӕйӕ ӕмӕ ӕлгъгӕнгӕйӕ».


Ефрем — ӕрмахуыр гал, най кӕныныл ахуыр у. Ӕз ын Мӕхӕдӕг йӕ нард бӕрзӕйыл ӕфсондз сӕвӕрдзынӕн ӕмӕ йӕ баифтындздзынӕн. Иудӕ хуым кӕндзӕни, Йаков та похци ласдзӕн.


Байхъусут ацы ныхасмӕ, башайнаг хъуццытӕ, Самарийы хохыл чи цӕры, уыдон! Сымах мӕгуырты ссӕндут, сабыр адӕмы ӕфхӕрут ӕмӕ дзурут уӕ хицӕуттӕн: «Нозт нын ӕрбахӕсс, ӕмӕ нуазӕм!»


Де ’фсымӕрыл фыдбылыз куы ’рцыд ӕмӕ йе сӕфты бон куы ралӕууыд, уӕд ӕм дӕуӕн райгондӕй кӕсын не ’мбӕлдис. Иудӕйы байзӕддагӕн се сӕфт куы ’рцыд, уӕд ууыл цин кӕнын ӕмӕ, фыдӕвзарӕнты куы бахаудысты, уӕд сыл худын не ’мбӕлди дӕуӕн.


Фыдгул сӕ йе ’нгуырӕй сласы, кӕсагахсӕн хызӕй сӕ ахсы, йӕ зӕрдӕ райы фыр цинӕй.


Йерусалимы ныхмӕ чи хӕцыди, уыцы адӕмты Дунедарӕг бафхӕрдзӕн: сӕ къӕхтыл ма лӕудзысты, афтӕмӕй сӕ буӕрттӕ ӕмбидзысты, сӕ цӕстытӕ бахаудзысты, се ’взӕгтӕ сӕ комы бахус уыдзысты.


Афтӕмӕй Йешуруныл хуыз фӕхӕцыд, ӕмӕ зӕвӕтдзӕгъдӕн систа. Снард сты, сӕ цармы нал цыдысты ӕмӕ коммӕ нал кастысты. Сӕхи атигъ кодтой се Скӕнӕг Хуыцауыл, ныууагътой сӕ ирвӕзӕн Къӕдзӕхы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan