1 Дунедарӕг пехуымпар Йеремиайы уылты фехъусын кодта Вавилоны, халдейӕгты зӕххы, фидӕн:
Нимроды паддзахадмӕ хаудтой раздӕр Вавилон, Ерех, Аккад ӕмӕ Калне, се ’ппӕт дӕр — Шинары зӕххыл.
Терах халдейаг Урӕй араст ис Ханааны зӕхмӕ йӕ фырт Аврам ӕмӕ Араны фырт Лотимӕ. Семӕ ма уыди Терахы чындз Сарӕ, Аврамы ус. Фӕлӕ Хараны сахармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд уым ӕрцардысты.
Уымӕ гӕсгӕ ацы сахар хонынц Вавилон. Дунедарӕг уым схӕццӕ кодта ӕппӕт адӕмы ӕвзаг ӕмӕ сӕ уырдыгӕй ныххӕлиу кодта ӕгас зӕххы цъарыл.
Дунедарӕджы Уд дзуры мӕн уылты, мӕ былалгъыл — Йӕ дзырд.
Ассирийы паддзах израилӕгты бӕсты Самаримӕ ӕрбакодта ӕндӕр адӕмты йӕ бӕстӕйы сахартӕй: Вавилонӕй, Кутайӕ, Аввайӕ, Хаматӕй ӕмӕ Сефарваимӕй. Уыдон бацахстой Самарийы зӕхх ӕмӕ йын йӕ сахарты ӕрцардысты.
Уый дзырд нӕма фӕци, афтӕ та ӕндӕр хабархӕссӕг ӕрбалӕууыди: «Ӕртӕ къордӕй ӕрбалӕбурдтой халдейӕгтӕ ӕмӕ теуаты атардтой. Кусджытӕ карды комыл ӕфтыд фесты. Иунӕг ӕз ма аирвӕзтӕн удӕгасӕй, цӕмӕй дын ӕй фехъусын кӕнон».
уӕд сымах уӕлахизы зарӕг ныззардзыстут, Вавилоны паддзахӕн фидис кӕнгӕйӕ: Не ’фхӕрӕг нал ис, не стигъӕг бабын ис!
Гъе уый дын халдейӕгты бӕстӕ! Йӕ кой дӕр нал ис. Ассириӕгтӕ йӕ, ӕдзӕрӕг быдыры цы хъӕддаг сырдтӕ цӕрынц, уыдоны бар бакодтой. Сӕхицӕн мӕсгуытӕ самадтой ӕмӕ йын ныппырх кодтой йӕ фидӕрттӕ, хӕлддзӕгтӕ йӕ фестын кодтой.
Ӕвдай азы куы рацӕуа, уӕд Ӕз сӕ фыдракӕндты тыххӕй Вавилоны паддзах ӕмӕ йӕ адӕмы, стӕй халдейӕгты бӕстӕ бафхӕрдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕнусмӕ йӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн.
Ӕппӕт адӕмтӕ йын лӕггад кӕндзысты, стӕй йӕ фырт ӕмӕ йӕ фырты фыртӕн дӕр, цалынмӕ йӕ зӕххӕн дӕр йӕ рӕстӕг ӕрцӕуа, уӕдмӕ. Бирӕ адӕмтӕ ӕмӕ хъомысджын паддзӕхтӕ йын лӕггад кӕндзысты.
Паддзах Иоаким ӕртыккаг аз паддзахиуӕг кодта иудейаг бӕстӕйы. Уыцы заман ӕрбабырста Вавилоны паддзах Навуходоносор ӕмӕ Йерусалимы сахарыл ӕрхъула кодта.
Уыйадыл Авраам ныууагъта халдейаг зӕхх ӕмӕ ӕрцарди Хараны. Йӕ фыды мӕлӕты фӕстӕ йӕ Хуыцау ӕрцӕрын кодта, ныр сымах кӕм цӕрут, уыцы зӕххыл.
уымӕн ӕмӕ рагуац адӕймаджы фӕндонӕй загъд никуы ӕрцыд, фӕлӕ-иу адӕм Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй дзырдтой, Хуыцауӕй-иу цы рацыд, уый.
Фыццаг зӕды фӕстӕ фӕзынд ӕндӕр зӕд ӕмӕ дзырдта: «Бабын, бабын стыр Вавилон! Йӕ хъахбайдзинады тыххӕй йӕ баййӕфта Хуыцауы фыдӕх, ӕмӕ уыцы фыдӕхы сӕнӕй бадардта ӕппӕт адӕмтӕн».