Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 5:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Уый тыххӕй сӕм тар хъӕдӕй ӕрбабырста домбай, быдираг бирӕгъ сӕ ӕргӕвды, сӕ сахарты цур бабады фыранк: сахарӕй чидӕриддӕр рацӕуа, уый аскъуыдтӕ кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ фыдракӕндтӕ сбирӕ сты, сӕ гадзрахатӕн кӕрон нал ис».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 5:6
38 Iomraidhean Croise  

Хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ адӕмы хистӕрты тӕригъӕдтӕн дӕр кӕрон нал уыди. Муртаттӕгты ӕлгъаг митӕ фӕзмыдтой ӕмӕ фӕчъизи кодтой Дунедарӕджы Кувӕндон, Дунедарӕг Йерусалимы кӕй срухс скодта, уый.


Сыстади Езра, сауджын, ӕмӕ загъта: «Ӕндӕрмыггаг сылгоймӕгты кӕй ракуырдтат, уый уын фыдракӕнд уыди, ӕмӕ афтӕмӕй Израилы азымы баппӕрстат.


«О мӕ Хуыцау! Фыр къӕмдзӕстыгӕй Дӕм мӕ цӕсгом равдисын дӕр куынӕуал уӕндын, уымӕн ӕмӕ не ’наккаг митӕ нӕ сӕрӕй фӕуӕлдӕр сты ӕмӕ нӕ азым уӕларвмӕ схӕццӕ ис.


Мӕ мӕстытӕ къаддӕр нӕ кӕнынц. Куыддӕр мӕхиуыл хӕрдмӕ схӕцын, — домбайау мыл Дӕхи ныццӕвыс.


Паддзах радта суӕгъд кӕныны бардзырд, адӕмты хицау ын радта сӕрибар.


Сӕ хиваст зӕрдӕйы бар сӕ ныууагътон, ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр фӕндыд, уыдӕттӕ кодтой.


Де ’лдӕрттӕ систы ӕгъдаухалджытӕ, къӕрныхтимӕ — ӕмдзӕхдон. Уарзынц лӕвӕрттӕ, исынц гӕртӕмттӕ, сидзӕры сӕрыл нӕ хӕцынц, идӕдз усы марой сӕм нӕ хъары.


Нӕ фыдракӕндтӕ сбирӕ сты Дӕ разы, комдзог ныл цӕуынц нӕ тӕригъӕдтӕ; уӕз ныл кӕнынц нӕ фыдракӕндтӕ, зонӕм нӕ азым:


О Дунедарӕг! Нӕ хъуыддӕгтӕ ныл комдзог цӕуынц, фӕлӕ нӕ сӕрыл рахӕц Дӕ номы сӕраппонд, кӕд нӕ гадзрахаттӕ ӕнӕнымӕц сты ӕмӕ Дӕ разы тӕригъӕдтӕ фӕкодтам, уӕддӕр.


Ӕвзонг домбӕйттӕ йыл рыхынц, хъӕрӕй йыл ныррыхыдысты ӕмӕ йын йӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кодтой; цӕрӕг дзы нал ис, басыгъдысты сахартӕ.


Дӕхи аххосӕй не ’рцыд уый дӕуыл? Ды ныууагътай Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, афтӕмӕй дын Уый фӕндагамонӕг уыди!


Дӕхи фыдракӕнд бафхӕрдзӕни дӕу, дӕ гадзрахат дӕ азымджын кӕндзӕни. Уӕдӕ ахъуыды кӕн ӕмӕ бамбар: Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, дӕ маст ӕмӕ дӕ фыдбылызӕн ныууагътай. Нӕй дӕм тас Мӕ разы, — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


О абоны фӕлтӕр! Дунедарӕджы ныхас бамбарут! Мыййаг, Ӕз искуы Израилӕн ӕдзӕрӕг быдыр, саудалынг зӕхх фестадтӕн? Уӕдӕ цӕмӕн зӕгъынц Мӕ адӕм: «Кӕдӕм нӕ фӕнды, уырдӕм цӕудзыстӕм, нӕ Дӕм раздӕхдзыстӕм?»


Цыма домбай йӕ лӕгӕтӕй рацыд, уый хуызӕн сси, ӕмӕ ӕгъатыр мастӕй, Йӕ судзгӕ мастӕй ӕдзӕрӕг быдыр фестади зӕхх!


Дӕ цӕдисонтӕ дӕ ферох кодтой, нал дӕ агурынц. Знаджы цӕфтӕ дыл ныккалдтон, бафхӕрдтон дӕ ӕгъатырӕй, уымӕн ӕмӕ дӕ фыдракӕндтӕ сбирӕ сты, дӕ тӕригъӕдтӕн нымӕц дӕр нӕй!


Дӕ хъӕдгӕмттӕй, дӕ уӕззау цӕфтӕй цы хъӕрзыс? Бирӕ фыдракӕндтӕ кӕй фӕкодтай, дӕ тӕригъӕдтӕ ӕнӕнымӕц кӕй систы, уый тыххӕй дын бавзарын кодтон адӕттӕ!


Дунедарӕджы судзгӕ маст не ’рсабыр уыдзӕн, цалынмӕ Йӕ фӕндтӕ нӕ сӕххӕст кӕна, уӕдмӕ. Уый фидӕны бамбардзыстут.


Домбай рацыди тар хъӕдӕй, адӕмты сафӕг араст ис балцы. Цӕмӕй дын дӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕна, уый тыххӕй йӕ цӕрӕнбынат ныууагъта. Дӕ сахартӕ дын ныззыгуым кӕндзӕн, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззайдзӕн.


Иорданы цур цы пыхсбынтӕ ис, уырдыгӕй домбай дидинӕгкалӕг сӕрвӕттӕм куыд рацӕйцӕуы, афтӕ Ӕз едомӕгты ӕвиппайды лидзӕг фӕкӕндзынӕн ӕмӕ Едомы сӕргъы, Мӕхӕдӕг кӕй сӕвзӕрстон, уый сӕвӕрдзынӕн. Чи у Мӕн хуызӕн? Дзуапп Мӕ чи ӕрдомдзӕн? Цавӕр фыййау схӕцдзӕни Мӕ ныхмӕ?»


Уӕдӕ ацы адӕм Мӕнӕй се ’ргом цӕмӕн аздӕхтой, Йерусалим ӕдзух хъеллау цӕмӕн кӕны? Мӕнгдзинадыл фидар хӕцынц, фӕсмон кӕнын сӕ зӕрды нӕй.


Къадз дӕр ма арвыл йӕ рӕстӕг зоны, бӕлон, зӕрватыкк ӕмӕ хърихъупп дӕр зонынц се ’ртӕхыны афон. Мӕ адӕм та Дунедарӕджы ’гъдӕуттӕ нӕ зонынц!


Фӕуӕлахиз ыл йе знаг, сӕ цины хъӕр фыдгултӕн хъуысы, — о, Дунедарӕг бафхӕрдта Йӕ сахар; йӕ тӕригъӕдтӕ хъизӕмарӕй фиды! Йӕ сабиты йын уацары фӕкӕнынц, тӕрынц сӕ се знӕгтӕ сӕ разӕй.


Йе ’лдӕрттӕ сты йӕ амӕттаджы скъӕфӕг бирӕгъау. Архайынц туг ныккалыныл, адӕмы бабын кӕныныл ӕмӕ афтӕмӕй сбонджын уӕвыныл.


Йе ’взонджы бонты Мысыры зӕххыл куыд хатти, уый мысгӕйӕ, райдыдта ноджы фылдӕр хӕтын.


Фыццаг сырд уыди домбайы хуызӕн, фӕлӕ цӕргӕсы базыртимӕ. Йӕ базыртӕ йын ратындӕуыд, хӕрдмӕ йыл схӕцыдысты; адӕймагау йӕ къӕхтыл слӕууыд, ӕмӕ йын адӕймаджы сӕрызонд лӕвӕрд ӕрцыди.


Ӕртыккаг сырд — фыранчы хуызӕн, йӕ фӕсонтыл та — цыппар базыры, маргъы базыртӕ. Ноджы йын уыдис цыппар сӕры, ӕмӕ йын хицауы бартӕ рардӕуыд.


Уымӕн ӕмӕ Ӕз домбайау Мӕхи ныццӕвдзынӕн Ефремыл, домбайы лӕппынау — Иудӕйыл, фӕлӕбурдзынӕн сӕм, аскъуыдтӕ сӕ кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ ничи фервӕзын кӕндзӕни.


Сӕ бӕхтӕ — фыранчытӕй рогдӕр, ӕхсӕвы бирӕгътӕй хъӕхъхъагдӕр. Сӕ барджытӕ дугъӕй уайынц, дардӕй ӕрбатӕхынц, цыма цӕргӕс йӕ амӕттагмӕ тӕхы, уыйау.


Йӕ уӕздӕттӕ рыхынц домбӕйттау, йӕ тӕрхоны лӕгтӕ ӕхсӕвдзу бирӕгътау райсоммӕ стӕг нал ныууадзынц.


Ӕмӕ мӕнӕ ныр уӕ фыдӕлты бынаты ралӕууыдыстут сымах, тӕригъӕдджынты бардз, цӕмӕй та Дунедарӕджы маст израилӕгтӕм рафыца.


Кӕй федтон, уыцы сырд уыди фыранчы хуызӕн, йӕ дзӕмбытӕ — арсы дзӕмбытау, йӕ дзых — домбайы дзыхау. Залиаг калм ын радта йӕ тых, йӕ паддзахы бынат ӕмӕ стыр бартӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan