Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 5:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 О Дунедарӕг! Ау, Дӕ цӕст рӕстдзинад нӕ уыны? Дӕрӕн сӕ кӕныс, фӕлӕ сӕм рыст нӕ хъары, ныццӕгъдыс сӕ, фӕлӕ зонды къахыл не ’рлӕууынц. Дуртӕй хъӕбӕрдӕр систы, фӕсмон кӕнын сӕ зӕрды нӕй!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 5:3
45 Iomraidhean Croise  

Иннӕ бон хистӕр чызг кӕстӕрӕн загъта: «Дысон ӕз уыдтӕн нӕ фыдимӕ. Цӕй ӕмӕ та йын ахсӕв дӕр сӕн бадарӕм, ӕмӕ ды дӕр йемӕ фӕу. Афтӕмӕй нӕ фыды мыггаг сӕфын нӕ бауадздзыстӕм».


Уыцы хабары фӕстӕ дӕр Йоровам йӕ галиу митӕ нӕ ныууагъта. Бынӕттон кувӕндӕттӕн-иу адӕмӕй сауджын суын кӕйдӕриддӕр бафӕндыд, уый-иу сӕвӕрдта сауджынӕй.


Паддзах арвыста ӕртыккаг фӕндзайыхицауы йӕ фӕндзай хӕстонимӕ. Уый Илийамӕ куы схӕццӕ ис, уӕд йӕ разы йӕ уӕрджытыл ӕрхауд ӕмӕ йын балӕгъстӕ кодта: «Хуыцауы минӕвар! Дӕ хорзӕхӕй, мӕн дӕр ӕмӕ дӕ цагъарты, мӕнӕ ацы фӕндзай хӕстоны дӕр, ма бабын кӕн.


Дунедарӕджы цӕстытӕ ӕгас зӕххыл дӕр ӕххӕссынц, иузӕрдион Ыл чи у, уыдонӕн ӕххуыс кӕны. Фӕлӕ ды ацы хатт тынг ӕнӕрхъуыды ми бакодтай, ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕ зӕххыл ӕдзухдӕр уыдзӕни хӕст».


Уыцы тыхст заманы паддзах Ахаз фылдӕрӕй-фылдӕр гадзрахатӕй цыди Дунедарӕгыл.


Уарзыс ды, сӕфтмӕ чи кӕны, ахӕм ныхӕстӕ, мӕнгард ӕвзаг дын у ӕхцон.


Уый фенгӕйӕ, тас бацӕудзӕни рӕстудты, фӕхуддзысты дыл ӕмӕ зӕгъдзысты:


Ӕнӕхуыцауӕн йӕ хуыз къӕйных у, рӕстуд йӕ фӕндагыл фидар хӕцы.


Дунедарӕг хъахъхъӕны ӕцӕгдзинад, ӕууӕнкхорӕн йӕ ныхӕсты мӕнгдзинад равдисы.


Зӕгъдзынӕ: «Надтой мӕ, фӕлӕ мын нӕ рысти, хостой мӕ, фӕлӕ йӕ не ’мбӕрстон, куы фӕфынӕй кӕнон, уӕд та ногӕй нозтагур зилдзынӕн».


Ӕдылыйы нӕмгуытимӕ фӕхты куы фӕхойай, уӕд дӕр дзы йе ’дылы зонд нӕ фӕхицӕн уыдзӕн.


О Дунедарӕг! Ды Дӕ къух бӕрзонд систай, фӕлӕ йӕ уыдон нӕ уынынц. Дӕ адӕмы сӕрыл куыд хӕцыс, уый куы феной, уӕд фӕхудинаг уыдзысты; цы арттӕрхон сӕм кӕсы, уый аныхъуырдзӕн Де знӕгты.


Уӕд уыл Йӕ маст акалдта, ӕвирхъау хӕсты амӕттаг уӕ бакодта. Йӕ судзгӕ-уыраугӕ арт уыл алырдыгӕй ӕртыхсти, ӕмӕ йӕ нӕ фиппайдтат, арыдта уӕ, ӕмӕ йӕ нӕ хатыдыстут.


Хиваст стут, уый зыдтон: уӕ бӕрзӕйы нуӕрттӕ — ӕндон, уӕ ных — ӕрхуы.


Адӕм, чи сӕ цӕвы, Уымӕ нӕ раздӕхынц, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы нӕ агурынц.


Ӕгас бӕстӕйы кулдуӕртты раз сагойӕ дымгӕмӕ ныддардтон Мӕ адӕмы, бындар сын нал ныууагътон! Мӕ фӕндонӕй сӕфынц, уымӕн ӕмӕ нӕ уадзынц сӕ фӕндӕгтӕ.


Уыдон Мӕм нӕ хъуыстой, хивӕндӕй цардысты, Мӕ зондамынд Мын ницӕмӕ дардтой.


«Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: Ӕз ацы сахарӕн ӕмӕ, йӕ дӕлбар цы сахартӕ ис, уыдоны цӕрджытӕн цы бӕллӕхтӕ снысан кодтон, уыдон бавзарын кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ хивӕнд сты, Мӕ ныхӕстӕм Мын нӕ хъусынц».


Уӕ фыртты уын Ӕз дзӕгъӕлы ӕфхӕрдтон: уӕддӕр Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕм нӕ хъуыстой. Ӕгъатыр домбайау уӕ кард уӕ пехуымпарты аныхъуырдта!


Уый тыххӕй Ӕз зӕхмӕ доны ’ртах нал ӕруагътон, ӕмӕ уалдзыгон къӕвдатӕ банцадысты. Хъахбай сылау дӕ цӕсгом фесӕфтай, ферох дӕ ис ӕфсарм!


Ӕгӕрон хъомыс — Йӕ фӕндты, Йӕ хъуыддӕгтӕ — ӕнӕнымӕц! Уый адӕмӕн сӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр уыны, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ фӕндагмӕ, йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиды.


«Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: цӕугӕ, Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн афтӕ зӕгъ: ау, ацы хъуыддагӕй уӕхицӕн ницы хатдзӕгтӕ скодтат ӕмӕ Мын Мӕ ныхӕстӕм хъусын нӕ сахуыр уыдзыстут? — зӕгъы Дунедарӕг. —


Абоны онг не ’рсабыр стут ӕмӕ тӕрсгӕ нӕ кӕнут. Ме ’Гъдау, Мӕ уагӕвӕрдтӕ, сымах ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыдон не ’ххӕст кӕнут».


Фӕлӕ Мӕм нӕ хъуыстат, хивӕнд уыдыстут ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕй фыддӕр фестут.


Уӕд-иу сын зӕгъ: „Мӕнӕ, Дунедарӕджы, йӕ Хуыцауы, коммӕ чи нӕ кӕсы ӕмӕ зондамындмӕ чи нӕ хъусы, уыцы адӕм! Фесӕфти рӕстдзинад, се ’взагӕй фӕцыдӕр!“


Уӕдӕ ацы адӕм Мӕнӕй се ’ргом цӕмӕн аздӕхтой, Йерусалим ӕдзух хъеллау цӕмӕн кӕны? Мӕнгдзинадыл фидар хӕцынц, фӕсмон кӕнын сӕ зӕрды нӕй.


Хивӕнд ӕмӕ цъаммар сты ацы адӕм, ӕмӕ сӕм мӕнӕ Ӕз дӕу ӕрвитын. Зӕгъ сын: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау!“


Уый бӕрц ӕлгъаг у дӕ чъизи, ӕмӕ дӕ цасфӕнды куы сыгъдӕг кӕнон, уӕд дӕр чъизийӕ баззайдзынӕ ӕмӕ фидӕны дӕр не ссыгъдӕг уыдзынӕ, цалынмӕ дыл Мӕ азар нӕ ныххуырсон, уӕдмӕ.


Моисейы Ӕгъдауы куыддӕриддӕр загъдӕуыд, афтӕ ныл Хуыцауы фыдӕх сӕмбӕлди, фӕлӕ мах Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, лӕгъстӕ нӕ кодтам, нӕ тӕригъӕдтыл не ’рфӕсмон кодтам, Йӕ ӕцӕгад Ын ницӕмӕ дардтам.


Кӕд ма уӕм уый фӕстӕ дӕр хуыздӕр зонд не ’рцӕуа ӕмӕ та Мӕ ныхмӕ рацӕуат,


Мысыры адӕмау уыл рын бафтыдтон; уӕ лӕппуты уын карды цӕфӕй мардтон, уӕ бӕхты уын-иу уацары атардтой, уӕ асадӕнты-иу уӕ хӕстонтӕн сӕ мӕрдты смагмӕ улӕфыдыстут, фӕлӕ Мӕм уӕддӕр нӕ раздӕхтыстут, — зӕгъы Дунедарӕг.


Содом ӕмӕ Гоморрӕйау уӕ ныззыгуым кодтон. Пиллон артӕй цы ӕхсидав фелвасынц, уый ӕнгӕс уыдыстут, фӕлӕ Мӕм уӕддӕр нӕ раздӕхтыстут, — зӕгъы Дунедарӕг.


Уӕ сахарты уын адӕмы сыдӕй амардтон, ӕмӕ уӕ хъӕуты хойраджы мур нал баззади, фӕлӕ Мӕм уӕддӕр нӕ раздӕхтыстут, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Цалдӕр сахары цӕрджытӕ-иу дон нуазынмӕ иу сахары ӕрӕмбырд сты, ӕмӕ сын дон нӕ фаг кодта, фӕлӕ Мӕм уӕддӕр нӕ раздӕхтыстут, — зӕгъы Дунедарӕг.


Уӕ хуымтӕ уын-иу судзгӕ дымгӕйӕ кӕнӕ халасӕй фесӕфтон, уӕ дыргъдӕттӕ, уӕ сӕндӕттӕ, уӕ легъуитӕ ӕмӕ оливӕ бӕлӕстӕ уын-иу мӕтыхтӕн бахӕрын кодтон, фӕлӕ Мӕм уӕддӕр нӕ раздӕхтыстут, — зӕгъы Дунедарӕг.


Ӕз хъуыды кодтон: ацы сахары цӕрджытӕ Мӕ тӕрсдзысты, Мӕ зондамынд Мын сӕ зӕрдӕтӕм айсдзысты, ӕмӕ сын уӕд сӕ цӕрӕнбынат нӕ фесафдзынӕн, Мӕ азар сӕ нӕ баййафдзӕн. Фӕлӕ уӕ хъуыддӕгтӕ фыддӕрӕй-фыддӕр кодтой.


Мах та зонӕм, афтӕ чи кӕны, уыдонӕн Хуыцау стӕрхон кӕндзӕн ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ.


Нӕ зӕххон ныййарджытӕ нӕ ӕфхӕрдтой, ӕмӕ сӕ мах куы нымадтам, уӕд мыггагмӕйы царды сӕраппонд куыннӕ хъуамӕ кӕсӕм нӕ Уӕларвон Фыды коммӕ!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan