29 Ау, ахӕм адӕмӕй Ӕз Мӕ маст нӕ райсдзынӕн? — зӕгъы Дунедарӕг.
Къададӕтты дойнаг дуртӕ — уӕ хай, уӕ амонд. Уыдонӕн ӕрбахӕссут сӕн, лӕвар сын кӕнут хойраджы хуынтӕ. Ӕмӕ Ӕз уыдӕттӕй райгонд куыд хъуамӕ уон?
Бафхӕрдзынӕн сӕ сӕхи ӕмӕ сӕ фыдӕлты азымы тыххӕй. Уыдон хӕхтӕ ӕмӕ уӕлвӕзтыл сыгътой буд ӕмӕ Мын уымӕй ӕгад кодтой Мӕ ном. Гъемӕ ныр ӕфхӕрд баййафдзысты се ’ппӕт хъуыддӕгты тыххӕй дӕр». Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг.
Ау, Ӕз сӕ уыдӕтты тыххӕй нӕ бафхӕрдзынӕн? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, ахӕм адӕмӕй Мӕ маст нӕ райсдзынӕн?
Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Бӕлӕстӕ акалут ӕмӕ Йерусалимы ныхмӕ хӕцынӕн саразут бырутӕ. Ацы сахар баййафдзӕн ӕфхӕрд, уымӕн ӕмӕ байдзаг ис ӕфхӕрдӕй.
Ау, Ӕз сӕ уый тыххӕй нӕ бафхӕрдзынӕн? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, ахӕм адӕмӕй Мӕ маст нӕ райсдзынӕн?»
Рӕхджы уӕм Ӕз тӕрхон кӕнынмӕ ’рцӕудзынӕн! Ӕз хурмӕ рахӕсдзынӕн кӕлӕнгӕнджыты, хӕтаг адӕмы, йӕ ард чи сайы, йе ’ххуырстӕн мызд чи нӕ фиды, идӕдз ӕмӕ сидзӕры чи ’фхӕры, ӕцӕгӕлоны ӕввахс чи нӕ уадзы ӕмӕ Мӕнӕй чи нӕ тӕрсы, уыдоны хъуыддӕгтӕ, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Уӕ хуымтӕ уын чи ныккарста, уыцы кусджыты мызд уӕхи бакодтат, ӕмӕ уыдон ӕрдиаг кӕнынц хъӕлӕсыдзагӕй. Уыцы хуымгӕрдджыты хъаст сыхъуысти Уӕларвӕфсады Бардарӕгмӕ.