27 Маргъӕй йедзаг къалатийау сӕ хӕдзӕрттӕ байдзаг сты мӕнгдзинадӕй, скадджын ӕмӕ схъӕздыг сты.
Абырджыты хӕдзӕрттӕ цӕрӕг сты, Хуыцауы чи мӕсты кӕны, уыдон ӕдас сты, цыма Хуыцау сӕ къухы ис, уыйау.
Дунедарӕг адӕмы хистӕрты ӕмӕ ӕлдӕртты азымджын кӕндзӕни: «Мӕ сӕндон Мын ныггӕныстон кодтат. Мӕгуырты исбон бастыгътат ӕмӕ дзы уӕ къӕбицтӕ байдзаг кодтат.
О Дунедарӕг, Ды дӕ раст Хуыцау, ӕмӕ Дӕумӕ хӕссын мӕ хъаст! Ӕз Демӕ дзурдзынӕн рӕстдзинадыл! Ӕнӕхуыцӕуттӕ ӕнтыстджын цӕмӕн сты, мӕнгардтӕ — амондджын?
Уӕдӕ ацы адӕм Мӕнӕй се ’ргом цӕмӕн аздӕхтой, Йерусалим ӕдзух хъеллау цӕмӕн кӕны? Мӕнгдзинадыл фидар хӕцынц, фӕсмон кӕнын сӕ зӕрды нӕй.
Ды цӕрыс мӕнгарддзинады ӕхсӕн, мӕнгард сты, Мӕн зонын сӕ нӕ фӕнды», — зӕгъы Дунедарӕг.
Фӕлӕ Ӕз, Дунедарӕг, Мысыры зӕххыл ма куы уыдыстут, уӕдӕй абоны онг дӕн дӕ Хуыцау, ӕмӕ дӕ Ӕз, бӕрӕгбоны-иу куыд уыдис, афтӕ ногӕй халагъудты ӕрцӕрын кӕндзынӕн.
Кӕуы йӕ исбоныл Мароты цӕрӕг, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ӕвирхъау фыдбылыз ӕруагъта Йерусалимы кулдуарыл.
Уыцы бон муртаттӕгты ӕгъдаумӕ гӕсгӕ къӕсӕрыл андзӕвын дӕр чи нӕ уӕнды ӕмӕ йӕ сӕрты чи гӕпп кӕны, Дунедарӕджы хӕдзар тыхми ӕмӕ мӕнгдзинадӕй чи байдзаг кодта, уыдон иууылдӕр бавзардзысты Мӕ азар.
Уый хъӕрӕй загъта: «Бабын ис, бабын стыр Вавилон ӕмӕ сси дӕлимонтӕн цӕрӕнуат, алы ӕнӕзӕгъинагӕн, алы чъизи ӕмӕ ӕлгъаг маргъӕн фысымуат. Уымӕн ӕмӕ йӕ хъахбайдзинады тыххӕй Хуыцауы фыдӕх баййӕфта ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕн бадардта уыцы фыдӕхы сӕнӕй.