25 Уӕ фыдракӕндты тыххӕй сымахӕй ӕппӕт уыдӕттӕ байстӕуыд, уӕ тӕригъӕдты аххосӕй ӕнӕхай фестут фарнӕй.
О, фӕлӕ уӕ фыдракӕндтӕ ӕмдзӕхгӕр быруйау уырдыг слӕууыдысты сымах ӕмӕ уӕ Хуыцауы ’хсӕн. Йе ’ргом уӕ аздӕхта уӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕмӕ уӕ нал хъусы!
Дунедарӕг Йеремиайӕн, хурхӕтӕн заман кӕй ралӕудзӕн, уый фехъусын кодта.
О Дунедарӕг! Нӕ хъуыддӕгтӕ ныл комдзог цӕуынц, фӕлӕ нӕ сӕрыл рахӕц Дӕ номы сӕраппонд, кӕд нӕ гадзрахаттӕ ӕнӕнымӕц сты ӕмӕ Дӕ разы тӕригъӕдтӕ фӕкодтам, уӕддӕр.
Уый тыххӕй Ӕз зӕхмӕ доны ’ртах нал ӕруагътон, ӕмӕ уалдзыгон къӕвдатӕ банцадысты. Хъахбай сылау дӕ цӕсгом фесӕфтай, ферох дӕ ис ӕфсарм!
Ды уыдӕттӕ дӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ дӕ хъуыддӕгты тыххӕй ӕвзарыс, дӕ фыдракӕндты аххосӕй хъизӕмарӕй мӕлыс.
Сӕ тӕригъӕд куы бафидынц ӕфхӕрдӕй, уӕд ма куыд хъуамӕ рахъаст кӕной адӕм?!
Сионы Чызг! Кӕрон ӕрцӕудзӕни де ’фхӕрдӕн, дӕ тардӕн! Едомы чызг! Дӕ тӕригъӕдтӕ бафиддзынӕ! Дунедарӕг дын дӕ фыдракӕндтӕ хурмӕ рахӕсдзӕн!