21 Байхъусут, ӕдылы ӕмӕ ӕнӕзонд адӕм, цӕстытӕ кӕмӕн ис, фӕлӕ уынгӕ чи нӕ кӕны, хъустӕ кӕмӕн ис, фӕлӕ къуырма чи у!
фӕлварӕн бон Меривайы, ӕдзӕрӕг быдыры, Массӕйы, куыд уыдыстут, уӕдау уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут.
Ӕдылыйы та ’хцайы хызын цӕмӕн хъӕуы? Зонд дӕм куынӕ уа, уӕд уӕлзонд нӕ балхӕндзынӕ.
Къалиутӕ куы бахус уой, уӕд сӕм ӕрбацӕудзысты сылгоймӕгтӕ, сугӕн сӕ ракӕндзысты ӕмӕ сӕ басудздзысты. Ацы муртаттаг адӕмтӕн сӕ сӕры зонд нӕма бацыд, ӕмӕ сын уый тыххӕй се Скӕнӕг нӕ батӕригъӕд кӕндзӕни, нӕ сын ныббардзӕни се Сфӕлдисӕг.
Размӕ рацӕуӕнт Мӕ адӕм, цӕстытӕ кӕмӕн ис, фӕлӕ сӕ уынгӕ чи нӕ кӕны, хъустӕ кӕмӕн ис, фӕлӕ сӕ хъусгӕ чи нӕ кӕны!
Ахӕмтӕ ӕппындӕр ницы зонынц ӕмӕ ӕмбарынц: Уый сын сӕхгӕдта сӕ цӕстытӕ, цӕмӕй ма уыной, сӕ зӕрдӕтӕ — цӕмӕй ма хатой.
Гуымирытӕ ӕнӕзонд сты, зондцухтӕ. Уыдон цӕуыл хъуамӕ сахуыр кӕной адӕмы?
«Ӕнӕзонд сты Мӕ адӕм — нӕ Мӕ зонынц; ӕдылы сабитау сӕ сӕры зонд нӕй. Фыдбылыз саразынмӕ — зондджын, хӕрзиуӕг ракӕнынмӕ та нӕ арӕхсынц».
Йаковы байзӕддӕгтӕн фехъусын кӕнут, расидут Иудейы:
Ӕз мӕхинымӕр загътон: «Уыдон мӕгуыр ӕмӕ ӕнӕзонд сты, Дунедарӕджы фӕндаг ӕмӕ сӕ Хуыцауы Ӕгъдау нӕ зонынц. Стыр ӕлдӕрттӕ та сӕ зонынц, цӕуон ӕмӕ семӕ ныхас кӕнон. Фӕлӕ уыдон дӕр ныппырх кодтой се ’фсондз, атыдтой сӕ рӕхыстӕ.
Кӕмӕн дзурон, кӕмӕн амонон зонд, чи хъусдзӕн? Сӕ бон нӕу хъусын, уымӕн ӕмӕ сӕ нӕ фӕнды. Уыдон ӕлгъ кӕнынц Дунедарӕджы ныхасыл, ӕнӕуынон сын у.
Ӕмӕ ныр, ӕппӕт уыдӕттӕ кӕй кӕнут, — зӕгъы Дунедарӕг, — кӕд ӕмӕ уын Ӕз ӕдзухдӕр дзырдтон, фӕлӕ нӕ хъуыстат, сидтӕн уӕм, фӕлӕ дзуапп нӕ лӕвӕрдтат,
Къадз дӕр ма арвыл йӕ рӕстӕг зоны, бӕлон, зӕрватыкк ӕмӕ хърихъупп дӕр зонынц се ’ртӕхыны афон. Мӕ адӕм та Дунедарӕджы ’гъдӕуттӕ нӕ зонынц!
«Адӕймаджы фырт! Ды цӕрыс хиваст адӕмы ’хсӕн. Ис сын цӕстытӕ уынынӕн, фӕлӕ нӕ уынынц, ис сын хъустӕ дӕр хъусынӕн, фӕлӕ нӕ хъусынц — хивӕнд адӕм сты.
Ефрем ӕдылы ӕхсинӕгӕй уӕлдай нӕу: куы Мысырмӕ сиды, куы та Ассиримӕ фӕцӕйцӕуы.
Фӕлӕ уыдоны хъусын нӕ фӕндыди, се ’ргом Мӕ аздӕхтой, сӕхгӕдтой сӕ хъустӕ.
уымӕн ӕмӕ „сӕ цӕстӕй кӕсынц, фӕлӕ нӕ уынынц, хъусӕй хъусынц, фӕлӕ не ’мбарынц. Хуыцаумӕ се ’ргом куы раздахиккой, уӕд сын барст ӕрцӕуиккой сӕ тӕригъӕдтӕ“».
Цӕстытӕ уыл куы ис, уӕд нӕ уынут? Хъустӕ уыл куы ис, уӕд нӕ хъусут? Уӕ зӕрдыл нал лӕууы, ӕви:
«Уый сын бакуырм кодта сӕ цӕстытӕ, сӕхгӕдта сын сӕ зӕрдӕтӕ, цӕмӕй цӕстӕй ма феной, зӕрдӕйӕ ма бамбарой, ма раздӕхой Мӕнмӕ ӕмӕ сӕ Ӕз ма сдзӕбӕх кӕнон».
„Ацу уыцы адӕммӕ ӕмӕ сын зӕгъ: Хъусӕй хъусдзыстут, фӕлӕ нӕ бамбардзыстут, цӕстӕй кӕсдзыстут, фӕлӕ нӕ фендзыстут.
Ӕмӕ сӕхи ницӕмӕй сраст кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ, цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, Хуыцауы уыцы мыггагмӕйы тых ӕмӕ Йӕ ӕрдзыхъӕд дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ бӕлвырд сты, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕттыл куы хъуыды кӕнай, уӕд.
Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Хуыцау сӕ скодта ӕнӕмбаргӕ, ӕмӕ абоны онг дӕр цӕстӕй нӕ уынынц ӕмӕ хъусӕй нӕ хъусынц».
Сымах уӕхи цӕстӕй федтат уыцы стыр фыдӕвзарӕнтӕ, ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ.
Фӕлӕ уын абоны онг Дунедарӕг нӕдӕр зонд радта, цӕмӕй ӕмбарат, нӕдӕр — цӕстытӕ, цӕмӕй уынат, нӕдӕр — хъустӕ, цӕмӕй хъусат.
Ӕнӕзонд ӕмӕ ӕнӕсӕр адӕм, Дунедарӕгӕн афтӕ фидут Йӕ хӕрзтӕ? Ӕви Уый уӕ Фыд, уе Сфӕлдисӕг нӕу? Ӕви уӕ Уый нӕ равзӕрын ӕмӕ нӕ рантысын кодта?