18 Фӕлӕ уӕ суанг уыцы бонты дӕр, — зӕгъы Дунедарӕг, — кӕронмӕ нӕ фесафдзынӕн.
Уымӕн ӕмӕ Ӕз демӕ дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз дӕ фервӕзын кӕндзынӕн! Цы адӕмты ’хсӕн дӕ ныххӕлиу кодтон, уыдоны ныццӕгъддзынӕн, ӕрмӕстдӕр дӕу нӕ фесафдзынӕн. Дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ дӕ бафхӕрдзынӕн, фӕлӕ дӕ ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууадздзынӕн».
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ацы зӕхх ӕгасӕй дӕр хӕлӕттаг фӕуыдзӕн, фӕлӕ йӕ бынтон нӕ фесафдзынӕн.
Йӕ систӕм ын схизут ӕмӕ сӕ ныппырх кӕнут, фӕлӕ кӕронмӕ нӕ. Йӕ дыргъдӕттӕ йын ныззыгуым кӕнут, уымӕн ӕмӕ уыдон Дунедарӕджы адӕм нал сты.
Уыцы адӕм дын аныхъуырдзысты дӕ тыллӕг ӕмӕ дӕ хор, дӕ фыртты ӕмӕ дӕ чызджыты, дӕ фысты ӕмӕ дӕ галты, дӕ сӕнӕфсиртӕ ӕмӕ дӕ легъуи бӕлӕстӕ. Бырутӕй ӕхгӕд сахартӕ — ныфсджын кӕмӕй дӕ, уыдон — ныддӕрӕн кӕндзысты кардӕй.
Ӕмӕ адӕм куы фӕрсой: „Ӕппӕт адӕттӕ нын цӕмӕн ӕвзарын кӕны Дунедарӕг, нӕ Хуыцау?“ — уӕд-иу сын дзуапп ратт: „Кӕй Йӕ ныууагътат ӕмӕ уӕхи зӕххыл ӕндӕр хуыцӕуттӕн кӕй лӕггад кодтат, уый тыххӕй ӕцӕгӕлон зӕххыл ӕндӕрбӕстӕгтӕн лӕггад кӕндзыстут“.
Ӕз пехуымпариуӕг куыд кодтон, афтӕ амарди Бенайайы фырт Пелатиа. Уӕд ӕз зӕххыл ныддӕлгом дӕн ӕмӕ хъӕрӕй сдзынӕзтон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ау, бынтондӕр бабын кӕндзынӕ, Израилы адӕмӕй ма чи аирвӕзти, уыдоны?»
Фӕлӕ сын Ӕз фӕтӕригъӕд кодтон ӕмӕ сӕ нӕ бабын кодтон, нӕ сӕ ныццагътон ӕдзӕрӕг быдыры.
Куы сӕ мардтой, уӕд ӕз иунӕгӕй аззадтӕн, ныддӕлгом дӕн зӕххыл ӕмӕ сдзынӕзтон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ау, Дӕ маст Йерусалимыл ӕххуырсгӕйӕ, Израилы фӕдонтӕй ма чи баззади, ӕппӕт уыдоны бабын кӕндзынӕ?»
О Дунедарӕг, ау, Ды ӕнусон нӕ дӕ? Мӕ Уаз Хуыцау, Ды ӕнӕмӕлӕт дӕ! О Дунедарӕг! Ды уыдоны Дӕ тӕрхон сӕххӕст кӕнынмӕ рарвыстай! Мӕ Фидар Къӕдзӕх! Хъару сын радтай, цӕмӕй нӕ бафхӕрай!