13 Уыцы пехуымпартӕ дымгӕйӕ уӕлдай не сты, Дунедарӕджы ныхас сӕм нӕй, сӕ ныхӕстӕ сӕхиуыл ӕрцӕуӕнт».
Фӕлӕ Йын уыдон хынджылӕг кодтой Йӕ минӕвӕрттӕй, ӕлгъ кодтой Йӕ ныхӕстыл ӕмӕ Йын Йӕ пехуымпартыл худтысты, цалынмӕ сӕм Дунедарӕджы маст рафыхти, уӕдмӕ, ӕмӕ сын уӕд фервӕзыны хос нал уыди.
Мӕ ныхӕстӕм мын фау ӕрхӕссынмӕ хъавут? Ӕмӕ сӕ дымгӕйы хай куы бакодтат?
«Ахӕм ныхӕстӕ кӕдмӕ кӕндзынӕ? Дӕ дзыхы дзырд — уаддымгӕйау.
Мигътӕ ӕмӕ дымгӕ ӕнӕ къӕвдайӕ — уыдоны ’нгӕс у, кӕй нӕ ракодта, ахӕм лӕвӕрттӕй чи феппӕлы, уыцы адӕймаг.
Афтӕмӕй, сӕхӕдӕг дӕр — ницы, сӕ митӕ дӕр — ницӕйаг; сӕ гуымирытӕ дымгӕйӕ уӕлдай не сты, ницы сты.
Уӕд ӕз загътон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Пехуымпартӕ сын дзурынц: „Сымах кард нӕ фендзыстут ӕмӕ стонг нӕ бавзардзыстут. Ӕз уын ацы бынаты балӕвар кӕндзынӕн фидар сабырдзинад“».
Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Ӕз сӕ нӕ арвыстон, афтӕмӕй Мӕ номӕй афтӕ цы пехуымпартӕ зӕгъынц, ацы зӕххыл нӕдӕр кард, нӕдӕр стонг уыдзӕни, зӕгъгӕ, уыдон сӕхӕдӕг кард ӕмӕ стонгӕй амӕлдзысты.
Фӕлӕ уыдон загътой: «Цӕй ӕмӕ Йеремиайы ныхмӕ исты фыдвӕнд саразӕм, цӕмӕй сауджынты Ӕгъдау, куырыхонты уынаффӕтӕ ӕмӕ пехуымпарты ныхӕстӕ ма фесӕфой. Цӕуӕм ӕмӕ йыл хахуыртӕ ӕрымысӕм, ма йын байхъусӕм йӕ ныхӕстӕм».
Дӕ фыййӕутты дын дымгӕ ахӕсдзӕн, дӕ цӕдисонты дын уацары акӕндзысты. Дӕ фыдракӕндты аххосӕй фӕхудинаг уыдзынӕ ӕмӕ ницӕйаджы бынатмӕ ’рхаудзынӕ!
Дыууӕ азы фӕстӕ Дунедарӕджы хӕдзары дзаума иууылдӕр — вавилойнаг паддзах Навуходоносор ардыгӕй кӕй ахаста ӕмӕ Вавилонмӕ кӕй аласта, уыдон — Ӕз фӕстӕмӕ ацы бынатмӕ раздахдзынӕн.
уӕд ын Хошаийы фырт Азариа ӕмӕ Кареахы фырт Йоханан, стӕй ма дзы къӕйных лӕгӕй чи уыди, уыдон се ’ппӕт дӕр загътой: «Сайгӕ кӕныс! Нӕ дӕ рарвыста Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, цӕмӕй нын, Мысырмӕ ма ацӕут ӕмӕ уым ма ’рцӕрут, зӕгъгӕ, дзурай.
Тӕрхоны бонтӕ ӕрхӕццӕ сты, тӕригъӕдтӕ фидыны рӕстӕг ӕрцыд — уадз ӕмӕ уый базона Израил! Сымах пехуымпары ӕдылыйыл нымайут, Хуыцауы Удӕй хайджын чи у, уый та — ӕнӕзондыл, тӕригъӕдджын кӕй стут ӕмӕ уе ’нӕуынондзинад стыр кӕй у, уый тыххӕй.