Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 49:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Деданы цӕрджытӕ, фӕстӕмӕ мауал кӕсут, лидзгӕут ӕмӕ лӕгӕтты бамбӕхсут. Уымӕн ӕмӕ Ӕз Исавӕн фыдбылыз бавзарын кӕндзынӕн, йӕ тӕрхоны рӕстӕг ӕрцыд, ӕмӕ йӕ бафхӕрдзынӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 49:8
22 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ Хуыцауы тасӕй, Йе стыр хъомысы кадӕй йӕхи ӕмбӕхсдзӕни къӕдзӕхты скъуыдты, хӕхты цъассыты, Уый зӕххыл Йӕ азар куы ныххуырса, уӕд.


Рагуац Аравийы тыххӕй. Аравийы хъӕдты бахсӕвиуат кӕнут, деданӕгты чырӕтӕ!


Уӕлӕрвты кардӕлвӕстӕй лӕууы Дунедарӕг, тӕрхон кӕнынмӕ ӕрхиздзӕн Едоммӕ, Йӕ азары амӕттаг бакӕнинаг кӕй у, уыцы адӕммӕ.


Дедан, Тема ӕмӕ Бузы цӕрджытӕн, стӕй, сӕ къӕмисӕнтӕ цы адӕмтӕ дасынц, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр;


Мысыры суанг ӕххуырст лӕг дӕр — хӕрзхаст гал, ныр лидзӕг фесты: нӕй хъару хӕцынӕн. Се сӕфты бон ралӕууыд, сӕ тӕрхоны рӕстӕг ӕрцыд.


Моавы цӕрджытӕ, уӕ сахартӕ ныууадзут ӕмӕ къӕдзӕхтыл ӕрцӕрут, лӕгӕтты сӕрмӕ ахстӕттӕ цы хъӕддаг бӕлӕттӕ скӕнынц, уыдоны бафӕзмут.


Фыр тӕссӕй лидзӕг чи фӕуа, уый дзыхъхъы ныххаудзӕн, дзыхъхъӕй чи схиза, уый ахсӕн хызы аирвӕздзӕн, уымӕн ӕмӕ Моавӕн йӕ тӕрхоны аз ралӕудзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.


Лидзгӕут, фервӕзын кӕнут уӕ удтӕ! Ӕдзӕрӕг быдыры цы какон сындзытӕ ис, уыдонау сут!


Хацоры цӕрджытӕ, лидзгӕут рӕвдздӕр ӕмӕ лӕгӕтты бамбӕхсут! — зӕгъы Дунедарӕг. — Вавилоны паддзах Навуходоносор уӕ ныхмӕ фыдвӕнд сарӕзта.


Сӕ теуатӕ кӕйдӕр ӕфтиаг суыдзысты, сӕ бирӕ рӕгъӕуттӕ знӕгты хай бауыдзысты. Сӕ къӕмисӕнтӕ дасӕг адӕмы Ӕз дымгӕмӕ ныффӕйлаудзынӕн, алырдыгӕй сыл фыдбылызтӕ бафтаудзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Йӕ галты йын иууылдӕр амарут, сӕргӕвдут сӕ! Додойаг фесты! Сӕ азары бон, сӕ тӕрхоны рӕстӕг ралӕууыд!


Бениамины байзӕддӕгтӕ, лидзгӕут Йерусалимӕй! Текоайы сыкъауадындзтӕй уасут, Бет-Керемы нысанӕн арт ссудзут, уымӕн ӕмӕ уӕм цӕгатӕй фӕзындзӕни бӕллӕх, ӕвирхъау сӕфт!


Уымӕ гӕсгӕ Ӕз, Дунедарӕг, Мӕ къух сисдзынӕн Едоммӕ ӕмӕ йын ныццӕгъддзынӕн йӕ адӕмы дӕр ӕмӕ йӕ фос дӕр, йӕхи та йын ныггӕныстон кӕндзынӕн. Теманӕй Деданы онг карды амӕттаг бауыдзысты иууылдӕр.


Исав та мын ӕнӕуынон сси. Йӕ хӕхтӕй йын ӕдзӕрӕг быдыр сарӕзтон, йӕ зӕххыл ын хъӕддаг куыйты ӕрцӕрын кодтон.


Едомӕгтӕ зӕгъдзысты: «Ныддӕрӕн нӕ кодтой, нӕ хӕлддзӕгтӕ ногӕй рацаразӕм». Фӕлӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: — Уыдон сараздзысты, Ӕз та сӕ ногӕй ныппырх кӕндзынӕн; схондзысты сӕ ӕлгъыст бӕстӕ, Дунедарӕг мыггагмӕ кӕй ралгъыста, ахӕм адӕм.


Зӕххон паддзӕхтӕ ӕмӕ стыр хицӕуттӕ, ӕфсӕддон разамонджытӕ ӕмӕ хъӕздгуытӕ, тыхджынтӕ, алы цагъар ӕмӕ алы сӕрибар дӕр бамбӕхстысты лӕгӕтты ӕмӕ хӕхты — къӕдзӕхты ӕхсӕн.


Израилӕгтӕ мидианӕгты ’фсондзы бын хъизӕмарӕй мардысты, къӕдзӕхты цъассыты, лӕгӕтты ӕмӕ ӕвадат хӕхты бӕрзӕндты бамбӕхстысты.


Израилӕгтӕ уыдтой сӕ уӕззау уавӕр, уынгӕджы фесты ӕмӕ сӕхи ӕмбӕхстой лӕгӕтты, цъассыты, къӕдзӕхты скъуыдты, зӕппӕдзты ӕмӕ донуӕтты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan