Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 49:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Ӕз дыл алырдыгӕй ӕвирхъау тас бафтаудзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — алырдӕмты уӕ фӕсурдзысты, ӕмӕ лигъдӕтты ничиуал ӕрӕмбырд кӕндзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 49:5
16 Iomraidhean Croise  

Ӕз дзы ахӕм мон бауадздзынӕн, ӕмӕ, куыддӕр уац фехъуса, афтӕ фӕстӕмӕ аздӕхдзӕни йӕ бӕстӕм, ӕмӕ йӕ Ӕз йӕхи зӕххыл карды амӕттаг бакӕндзынӕн».


Удаист хъӕр йӕ хъусты зӕлы, ӕнӕнхъӕлӕджы йӕм ӕрбалӕууы йӕ сафӕг.


Ӕнӕхуыцау, куы ничи йӕ сура, уӕд дӕр лидзгӕ кӕны, рӕстуд та домбайау хъӕбатыр у.


Бауынаффӕ, зӕгъ, нын кӕн, исты нын, зӕгъ, ӕрхъуыды кӕн. Ӕмбисбоны ӕнтӕфы нӕ дӕ базыры бын бакӕн, ӕхсӕвы тар алцы куыд бааууон кӕны, афтӕ.


Сӕ идӕдзтӕ Мӕ фӕндонӕй денджызы змисӕй фылдӕр систы. Ӕмбисбон сын сӕ мадӕлтыл Ӕз абырджыты бафтыдтон, ӕвиппайды сыл стыр тас бахӕцдзӕн.


Ӕз арвитдзынӕн бирӕ кӕсагахсджыты, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ сӕ уыдон кӕсӕгтау ахсдзысты. Уый фӕстӕ арвитдзынӕн бирӕ цуанӕтты, ӕмӕ сӕ уыдон алы хох ӕмӕ алы къуыбырӕй, къӕдзӕхты алы лӕгӕтӕй сурдзысты.


уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: дӕхиуыл дӕр ӕмӕ де ’ппӕт ӕрдхӕрдтыл дӕр Ӕз ӕвирхъау тас бафтаудзынӕн, дӕ цӕстыты раз знаджы кардӕй сӕ мӕлӕт ссардзысты. Ӕгас Иудей Ӕз Вавилоны паддзахы къухтӕм ратдзынӕн: иуты дзы акӕндзӕн Вавилонмӕ, иннӕты кардӕй ныццӕгъддзӕн.


Фӕлӕ цы уынын Ӕз? Фыр тӕссӕй лидзӕг фесты, сӕ гуыппырсарты сын ныццагътой. Фӕстӕмӕ нӕ кӕсгӕйӕ, лидзынц, алырдыгӕй — ӕвирхъау тас, — зӕгъы Дунедарӕг.


Сӕ цатыртӕ ӕмӕ сӕ рӕгъӕуттӕ, сӕ теуатӕ, се ’мбӕрзӕнтӕ ӕмӕ сын се ’ппӕт мигӕнӕнтӕ байсдзысты ӕмӕ сӕм хъӕр кӕндзысты: «Алырдыгӕй — ӕвирхъау тас!»


Ма рацӕут быдыртӕм, фӕндӕгтӕм ма цӕут, уымӕн ӕмӕ алырдыгӕй дӕр — кардӕлвӕст знӕгтӕ, ӕвирхъау тас!


Хъӕр сӕм кӕнынц: «О, фесӕфут, фӕчъизи стут! Цӕугӕут, ма ныл бандзӕвут!» Адӕмтӕ сӕ кой кӕнынц: «Мӕгуыр дзӕгъӕлдзутӕ! Ӕрцыди се сӕфт!


Систы хуынчъытӕй уӕ сахарӕй ракӕндзысты рӕгъӕй ӕмӕ уӕ Хармоны зӕхмӕ баппардзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.


ӕмӕ сын загъта: «Зонын ӕй, Дунедарӕг ацы зӕхх сымахӕн кӕй радта, уый. Ӕмӕ нӕ стыр тасы бафтыдтат, нӕ бӕстӕйы цӕрджытӕ иууылдӕр ӕмризӕджы ризынц.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan