Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 49:36 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

36 Арвы цыппар кӕронӕй Еламы бӕстӕм цыппар дымгӕйы арвитдзынӕн ӕмӕ йӕ цыппар дымгӕйыл ныффӕйлаудзынӕн. Тард еламӕгтӕ кӕй зӕхмӕ не ’рцӕудзысты, ахӕм адӕмыхатт нал баззайдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 49:36
18 Iomraidhean Croise  

Уымӕн ӕмӕ дын Уый дӕ кулдуары ӕвдузӕнтӕ фидар кӕны, дӕ фырттӕн дын арфӕ кӕны!


Йӕ тырыса сисдзӕни адӕмты раз ӕмӕ тард израилӕгты, стӕй, чи ныххӕлиу ис, уыцы иудейӕгты — нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй — ӕрбаздахдзӕни зӕххы цыппар кӕронӕй.


Уыцы бон стыр сыкъауадындз ныууасдзӕн, ӕмӕ ӕрцӕудзысты, Ассирийы чи фесӕфти ӕмӕ Мысырмӕ кӕй атардтой, уыдон. Ссӕудзысты Йерусалиммӕ, уаз хохмӕ, ӕмӕ Дунедарӕджы раз сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты.


Алы бӕстӕтыл чи ныххӕлиу ис, уыцы израилӕгты фӕстӕмӕ сӕхи зӕхмӕ Чи ӕрбакодта, Уый, Дунедарӕг Хуыцау, зӕгъы: «Ӕцӕгӕлӕттӕй уемӕ чи баиу, уыдоныл ма Ӕз ноджыдӕр бафтаудзынӕн».


Дӕ хосгӕнӕг суыдзынӕн Мӕхӕдӕг, дӕ цӕфтӕ дын байгас кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Дӕу хъодыгонд хуыдтой ӕмӕ дзырдтой: «Сионы сахар никӕйуал хъӕуы».


Сӕ теуатӕ кӕйдӕр ӕфтиаг суыдзысты, сӕ бирӕ рӕгъӕуттӕ знӕгты хай бауыдзысты. Сӕ къӕмисӕнтӕ дасӕг адӕмы Ӕз дымгӕмӕ ныффӕйлаудзынӕн, алырдыгӕй сыл фыдбылызтӕ бафтаудзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Уымӕ гӕсгӕ дӕ мидӕг фыдӕлтӕ хӕрдзысты сӕ фыртты, уыдон та — сӕ фыдӕлты. Ӕз дыл Мӕ тӕрхоны азар ныххуырсдзынӕн, чи ма дӕ аирвӕза, уыдоны та ӕппӕт дымгӕтӕм ныддардзынӕн.


Дӕ иу ӕртыккаг хай дӕ мидӕг амӕлдзысты емынӕйӕ ӕмӕ сыдӕй, иннӕ ӕртыккаг хай карды амӕттаг бауыдзӕни дӕ алфамбылай, аннӕ ӕртыккаг хайы та дын ӕппӕт дымгӕтӕм ныддардзынӕн. Фӕсте сӕм ӕвзиддзынӕн кардӕй.


Фӕлӕ куыддӕр паддзахы бынат бацахса, афтӕ йӕ бӕстӕйы иудзинад нал уыдзӕн, ӕмӕ йӕ паддзахад цыппар дихы фӕуыдзӕн. Паддзахы цотмӕ паддзахады хӕйттӕй ницы ’рхаудзӕн, стӕй паддзахад, уый заманы куыд уыди, афтӕ тыхджын нал уыдзӕн.


Сыкъа кӕй асаст ӕмӕ йӕ бынаты цыппар ӕндӕр сыкъайы кӕй разад, уый та амоны: уыцы паддзахады бӕсты фӕзындзӕн цыппар ӕндӕр паддзахады, фӕлӕ сӕм уый хуызӕн хъомыс нӕ уыдзӕн.


Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ цӕу бынтон стыхджын ис. Йе стыр сыкъа куы асасти, уӕд йӕ бынаты разад ӕндӕр цыппар сыкъайы. Уыдон арӕзт уыдысты цӕгат, хуссар, скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕрдӕм.


Ӕз бардзырд ратдзынӕн, ӕмӕ Израилы адӕмы, мӕнӕу сыхырнайы куыд балуарынц, афтӕ адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кӕндзысты, ӕмӕ дзы иу дур дӕр нӕ ахиздзӕн.


Зӕд мын дзуапп радта: «Уыдон сты цыппар уӕларвон дымгӕйы, ӕгас зӕххы Бардарӕджы разӕй рацӕуынц.


Дунедарӕг уӕ лидзӕг фӕкӕндзӕни уе знӕгты разӕй: иу фӕндагыл сӕ ныхмӕ ралӕудзыстут, авд фӕндагыл та сӕ разӕй лидздзыстут. Уӕ хъысмӕтӕй ӕппӕт дунейы адӕмтӕ дӕр ныккӕрздзысты.


Зӕххы цъары иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ уӕ ныххӕлиу кӕндзӕн Дунедарӕг дунейы ӕппӕт адӕмты ’хсӕн ӕмӕ, уӕхӕдӕг дӕр кӕмӕн ницы зонут ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн дӕр ӕнӕзонгӕ чи уыдысты, уыцы хуыцӕуттӕн — дуртӕ ӕмӕ бӕлӕстӕн — лӕггад кӕндзыстут.


Ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ ӕз федтон цыппар зӕды. Уыдон лӕууыдысты зӕххы цыппар кӕроны ӕмӕ хӕцыдысты цыппар зӕххон дымгӕйыл, нӕдӕр зӕххыл, нӕдӕр денджызыл, нӕдӕр бӕлӕстыл куыннӕ дымой, афтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan