Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 49:34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

34 Иудейы паддзах Цедекиа хицауиуӕг кӕнын куы райдыдта, уӕд Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас Еламы тыххӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 49:34
12 Iomraidhean Croise  

Симы байзӕддӕгтӕ: Елам, Ассир, Арфахсад, Луд, Арам. Алкӕмӕй дӕр дзы равзӕрди хицӕн адӕмыхатт — йӕхи ӕвзаг ӕмӕ йӕхи зӕххы хайыл цӕрӕг знӕмтимӕ.


Уыцы заман Шинары паддзах Амрафел, Елласары паддзах Ариох, Еламы паддзах Кедорлаомер ӕмӕ Гоимы паддзах Тидал


Еламы паддзах Кедорлаомер, Гоимы паддзах Тидал, Шинары паддзах Амрафел ӕмӕ Елласары паддзах Ариохимӕ — цыппар паддзахы фондзы ныхмӕ.


«Рехум, уынаффӕйы лӕг, нымӕрдар Шимшай ӕмӕ сӕ иннӕ ӕмкусджытӕ — динайӕгтӕ, афарсатхӕгтӕ, тарплайӕгтӕ, афарсатхӕгтӕ, аркевӕгтӕ, вавилойнӕгтӕ, дегайӕгтӕ, еламӕгтӕ Шушанӕй,


Уыцы заман куы ралӕууа, уӕд Дунедарӕг ногӕй Йӕ къух ӕрдардзӕн ӕмӕ ссӕрибар кӕндзӕн, Йӕ адӕмӕй ма чи баззайа, уыдоны. Фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзӕн, Йӕ адӕмӕй ма Ассири, Мысыр, Патрос, Куш, Елам, Шинар ӕмӕ Хаматы бӕстӕты, стӕй денджызгӕрон сахарты удӕгасӕй чи баззайа, уыдоны.


Хуыцау мын фенын кодта тасуадзӕг цӕстылуайӕн: «Уӕйгӕнӕг гадзрахатӕй цӕуы, гӕныстонгӕнӕг стигъы. Бабырсут, еламӕгтӕ! Мидиӕгтӕ, ӕрхъула кӕнут! Ӕз кӕрон скӕндзынӕн адӕмты хъӕрзынӕн».


Зимри, Елам ӕмӕ Мидийы ӕппӕт паддзӕхтӕн;


Паддзах Цедекиа цыппӕрӕм аз хицауиуӕг кодта Иудейы. Уыцы азы фӕндзӕм мӕй мын гивонаг пехуымпар, Аззуры фырт Хананиа, Дунедарӕджы хӕдзары, сауджынтӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕмы раз загъта:


Мӕ цӕстылуайӕны февзӕрдтӕн Еламы бӕсты, бырутӕй ӕхгӕд сахар Шушаны, Улайы доны был.


Не ’хсӕн ис парфиӕгтӕ, мидиӕгтӕ ӕмӕ еламӕгтӕ, Месопотамийы, Иудей ӕмӕ Каппадокийы, Понт ӕмӕ Азийы,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan