Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 49:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Ку, Хешбон, — хӕлӕттаг фӕци Гайы сахар! Раввайы чызджытӕ, кӕут ӕмӕ дзыназут! Уӕ уӕлӕ сӕхъис скӕнут ӕмӕ систы рӕзты хъеллау кӕнут, уымӕн ӕмӕ Милком ӕд сауджынтӕ ӕмӕ ӕд уӕздӕттӕ уацары ацӕудзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 49:3
28 Iomraidhean Croise  

Иннӕ уалдзӕг, паддзӕхты хӕстон балцыты афон, Давид йӕ дӕлдӕртӕ ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтимӕ Йоавы арвыста аммонӕгты сӕйраг сахар Раввамӕ, цӕмӕй йыл ӕртыхсой ӕмӕ аммонӕгты ныддӕрӕн кӕной. Ныр Давид йӕхӕдӕг та Йерусалимы баззад.


Афтӕ сӕ уый тыххӕй бафхӕринаг дӕн, ӕмӕ Мӕныл сӕхи атигъ кодтой ӕмӕ райдыдтой кувын сидойнӕгты ус-хуыцау Астартӕмӕ ӕмӕ Кемошмӕ, моавӕгты хуыцаумӕ, стӕй Милкоммӕ, аммонӕгты хуыцаумӕ. Соломоны фыд Давидӕй хъауджыдӕр адон Мӕ фӕдыл нал цӕуынц, Ӕз растыл цы нымайын, уыдӕттӕ нал кӕнынц, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын мӕ амындтытӕ нал ӕххӕст кӕнынц.


Соломон райдыдта кувын сидойнӕгты ус-хуыцау Астартӕмӕ ӕмӕ аммонӕгты ӕлгъаг Милкоммӕ.


Йерусалимы бакомкоммӕ, Елеоны хохӕн йӕ хуссарварс, сидойнаг мӕнгхуыцау Астартӕйӕн, моаваг мӕнгхуыцау Кемошӕн ӕмӕ аммонаг мӕнгхуыцау Милкомӕн Израилы паддзах Соломон йӕ заманы цы кувӕн къуыбыртӕ сарӕзта, уыдон дӕр фӕчъизи кодта.


Вефилӕй ӕмӕ Гайӕ рацӕуджытӕ — дыууӕсӕдӕ дыууын дыууӕ;


Ӕрдиаг кӕнут — Дунедарӕгӕн Йӕ тӕрхоны бон ӕрӕввахс, Ӕппӕтхъомыс дӕрӕнгӕнгӕ ӕрцӕудзӕн.


Сахары кулдуар, дзыназ! Нырдиаг кӕн ды дӕр, сахар! Фыр тӕссӕй ризут, филистимӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ цӕгатӕрдыгӕй ӕрбаввахс сты фӕздӕджы къуыбылӕйттӕ — уый ӕрбацӕуы ӕфсад, бырсынц ӕмдых-ӕмзондӕй.


Моавы цӕрджытӕ ссыдысты Дивоны кувӕн къуыбыртӕм ӕмӕ уым еххӕй кӕуынц Нево ӕмӕ Медевайы сахартыл; иууылдӕр алвыдтой сӕ сӕртӕ, адастой сӕ боцъотӕ.


Уымӕ гӕсгӕ йӕ хъысмӕтыл дзыназы Моав, ӕгас бӕстӕ кӕуы! Додой кӕнут ныр, кир-харесетаг чисмисджын гуылтӕ мысгӕйӕ!


Рагуац Тиры тыххӕй. Кӕут, дзыназут, Таршишы наутӕ! Наулӕууӕн сахар ныппырх ис — иу бӕстыхай дӕр дзы нал баззад! Наутӕрджытӕ уыцы хабар фехъуыстой, Киттимӕй сӕхимӕ куы ’рбаздӕхтысты, уӕд.


Дзыназут, денджызгӕрон цӕрджытӕ, лидзгӕут Таршишмӕ!


Уӕдӕ уӕ уӕлӕ скӕнут сӕхъис, кӕут ӕмӕ дзыназут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы азарӕй нӕ фервӕздзыстут!


Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Ӕз бафхӕрдзынӕн Нойы цӕрӕг Амоны, стӕй фараоны, Мысыры зӕхх ӕгасӕй дӕр, йӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ йӕ хуыцӕутты, фараоныл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдоны се ’ппӕты дӕр.


Моав йӕ раздӕры кад фесӕфта. Хешбоны цӕрджытӕ йӕ ныхмӕ аразынц фыдвӕнд: „Цӕуӕм ӕмӕ уыцы адӕмы фесафӕм“. Мадмена, дӕуӕн дӕр де сӕфт ӕрцӕудзӕн, дӕ фӕдыл зилы кард!»


Фӕхудинаг ис, бабын ис Моав! Кӕут, дзыназут, расидут Арноны: Моавы зӕхх гӕныстонмӕ ӕрцыд.


Уӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ уӕ хӕзнатыл уӕ зӕрдӕ дардтат ӕмӕ ныр уацары бахаудыстут. Кемош дӕр ӕд сауджынтӕ ӕмӕ ӕд уӕздӕттӕ уацары ацӕудзӕн.


Аммонӕгты тыххӕй Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ау, Израилӕн фырттӕ нӕй? Ау, ӕнӕ бындарӕй баззад? Милком цӕмӕн бацахста Гады зӕхх, ӕмӕ йӕ адӕм Гады сахарты цӕмӕн цӕрынц?


Фӕлӕ Вавилон ӕвиппайды ӕрхауд ӕмӕ ныззыгуым ис. Дзыназут ыл! Йӕ хъӕдгӕмттӕн ын ӕвдадзы хос ӕрбахӕссут, чи зоны, ӕмӕ сдзӕбӕх уа».


Мӕ адӕмы чызг! Дӕ уӕлӕ сӕхъис скӕн, рыджы сӕвдул дӕхи! Дӕ иунӕг фыртыл кӕуӕгау дӕ сау цӕссыг згъал ӕмӕ дзыназ — ӕвиппайды нӕм фӕзындзӕн нӕ сафӕг.


Сӕ паддзахы сын акӕндзысты уацары, ӕмӕ йе ’лдӕрттӕ дӕр йемӕ ацӕудзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.


уӕлхӕдзӕрттыл стъалытӕм чи кувы, стӕй Дунедарӕгмӕ дӕр ӕмӕ Милкоммӕ дӕр чи кувы, сӕ дыууӕйӕ дӕр сомы чи кӕны,


Байхъусут сымах, бонджынтӕ. Кӕут ӕмӕ дзыназут, цы бӕллӕхтӕ уӕ ӕрӕййафынц, уыдоны тыххӕй.


Йешуа Йерихонӕй йе сгарджыты арвыста Вефилӕй скӕсӕнӕрдӕм, Бет-Авенмӕ хӕстӕг сахар Гаймӕ. Бафӕдзӕхста сын: «Ацӕут ӕмӕ уыцы бӕстӕ басгарут». Уыдон ацыдысты ӕмӕ Гайы сахарыл ӕрзылдысты.


Дунедарӕг Йешуайӕн загъта: «Мацӕмӕй тӕрс ӕмӕ мацӕуыл тыхс! Хӕстхъом адӕмы се ’ппӕты дӕр демӕ рахон ӕмӕ Гаймӕ фӕцу. Дӕ къухы дын бакӕндзынӕн Гайы паддзах ӕмӕ йӕ адӕмы ӕд сахар ӕмӕ ӕд зӕххытӕ.


Гайы сахар та Йешуа арты хай бакодта, ӕнустӕм ӕй хъӕууатӕй ныууагъта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan