26 Йӕ лӕппутӕ уынгты амӕлдзысты, уыцы бон йӕ хӕстонтӕ иууылдӕр бабын уыдзысты, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Уӕларвӕфсады Бардарӕг уыдоны тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Мӕ азары хай сӕ бакӕндзынӕн! Сӕ лӕппуты сын бабын кӕндзӕн кард, сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджытӕ сыдӕй амӕлдзысты.
Уый тыххӕй йӕ фырттӕ сахары уынгты амӕлдзысты, уыцы бон йӕ хӕстонтӕ иууылдӕр цагъды фӕуыдзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.
Мӕлӕт мидӕмӕ хизы нӕ рудзгуытӕй, бырсы нӕ галуантӕм; уынгты нын цӕгъды нӕ сабиты, фӕзты нын мары нӕ лӕппуты.
Зӕрондӕй, сабийӕ, лӕзӕрынц рыджы фӕндӕгтыл. Уӕ, кардӕй мын куы ныццагътой мӕ чызджыты, мӕ лӕппуты! Дӕ азары бон се ’ппӕты дӕр фесӕфтай, ӕгъатырӕй сӕ аргӕвстай!
Де сӕфты бон дӕ исбон, дӕ денджызонтӕ, дӕ наутӕрджытӕ, дӕ науӕмпъузджытӕ, дӕ сӕудӕджертӕ ӕмӕ дӕ хӕстонтӕ — дӕ адӕм иууылдӕр денджызы бын фӕуыдзысты.
Мысыры адӕмау уыл рын бафтыдтон; уӕ лӕппуты уын карды цӕфӕй мардтон, уӕ бӕхты уын-иу уацары атардтой, уӕ асадӕнты-иу уӕ хӕстонтӕн сӕ мӕрдты смагмӕ улӕфыдыстут, фӕлӕ Мӕм уӕддӕр нӕ раздӕхтыстут, — зӕгъы Дунедарӕг.