21 Зӕхх нынкъуысдзӕн се сӕфты уынӕрӕй, ӕмӕ сӕ хъӕр Сырх денджызмӕ айхъуысдзӕн.
Вавилон саст куы ’рцӕуа, уӕд зӕхх нынкъуысдзӕн тохы уынӕрӕй, ӕппӕт адӕмтӕ йын фехъусдзысты йӕ хъӕр.
Бавдӕл, кард, ӕмӕ цӕв рахизӕрдӕм кӕнӕ галиуӕрдӕм — дӕ ком кӕцырдӕм здӕха, уыцырдӕм.
Фыд тас сыл бахӕцдзӕн, сӕ паддзӕхтӕ дӕр фыр тӕссӕй риздзысты, Мӕ кардӕй сӕм куы февзидон, уӕд. Дӕ сӕфты бон сӕ алчидӕр тӕрсдзӕни йӕ удӕн.
Йӕ хъизӕмӕрттӕм кӕсгӕйӕ, стыр тасы бацӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: «Додойаг фӕдӕ, додойаг, стыр сахар, Вавилоны тыхджын сахар! Уымӕн ӕмӕ иунӕг сахатмӕ ӕрцыди дӕ азар!»