Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 49:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Уымӕ гӕсгӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ аммонаг Раввайы цур тохы хъӕртӕ райхъуысдзысты. Хӕлддзӕгты кӕри фестдзӕн, йӕ чызджытӕ арты басудздзысты, ӕмӕ Израил, кӕй дӕлбар уыди, уыцы адӕмӕн хицау суыдзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 49:2
22 Iomraidhean Croise  

Иннӕ уалдзӕг, паддзӕхты хӕстон балцыты афон, Давид йӕ дӕлдӕртӕ ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтимӕ Йоавы арвыста аммонӕгты сӕйраг сахар Раввамӕ, цӕмӕй йыл ӕртыхсой ӕмӕ аммонӕгты ныддӕрӕн кӕной. Ныр Давид йӕхӕдӕг та Йерусалимы баззад.


Кӕсыс: куырыхонтӕ дӕр мӕлынц, ӕдылытӕ куыд мӕлынц, афтӕ, сӕ мулк та баззайы кӕмӕндӕр.


Цӕугӕдӕттӕ Йын ӕмдзӕгъд кӕнӕнт, цин кӕнӕнт хӕхтӕ


Иумӕ абырсдзысты ныгуылӕнӕрдӕм, филистимӕгты бӕстӕм, бастигъдзысты скӕсӕны адӕмты. Едом ӕмӕ Моавы бӕстӕтыл ӕрӕвӕрдзысты сӕ бархъомыс. Аммонӕгтӕ сын дӕлбариуӕг кӕндзысты.


Рагуац Дамаскы тыххӕй. Дамаскӕн йе сӕфт ӕрцӕуы — хӕлддзӕгты кӕри фестдзӕн.


О зӕрдӕ, зӕрдӕ! Фырвӕллад баци зӕрдӕ фыр рыстӕй, фӕйнӕрдӕм тоны, нал зонын ӕнцой — сыкъауадындзты уасын ӕмӕ тохы хъӕртӕ хъусын.


Аммонӕгты тыххӕй Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ау, Израилӕн фырттӕ нӕй? Ау, ӕнӕ бындарӕй баззад? Милком цӕмӕн бацахста Гады зӕхх, ӕмӕ йӕ адӕм Гады сахарты цӕмӕн цӕрынц?


Фӕндӕгтӕй иуыл кард цӕудзӕн аммонӕгты сахар Раввамӕ, иннӕуыл та — Иудеймӕ, Йерусалимы фидармӕ.


Дӕуӕн дӕр, Израилы ӕнаккаг фӕтӕг, фыдгӕнӕг, абон ралӕууыд дӕ тӕригъӕдты фӕстаг бон!


Раввайы фиддӕрттыл арт бандзардзынӕн. Алырдыгӕй тохы хъӕртӕ хъуысдзысты, афтӕмӕй судздзысты йӕ галуантӕ, тымыгъы сӕм зилгӕ уад ӕрбабырсдзӕн.


Хуссарварс чи цӕры, уыдон бацахсдзысты Исавы хох, дӕлвӕзы цӕрджытӕ — филистимӕгты зӕхх, Ефрем ӕмӕ Самарийы быдыртӕ. Бениамин та бацахсдзӕнис Галаад.


Знаг уӕм куы ӕрбабырса ӕмӕ йӕ ныхмӕ куы хӕцат уӕ зӕххыл, уӕд-иу фӕдисы уаст ныккӕнут сыкъауадындзтӕй, ӕмӕ Йӕ зӕрдыл ӕрбалӕудзыстут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ фервӕздзыстут уе знӕгтӕй.


Басаста Израил уыцы сахартӕ иууылдӕр ӕмӕ ӕрбынат кодта аморӕгты ӕппӕт сахарты, Хешбон ӕмӕ йӕ алфамбылӕйтты.


Йӕ фӕллой йын фӕзы астӕумӕ ӕрӕмбырд кӕн ӕмӕ йӕ басудз иууылдӕр — Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, иууылсудзинаг нывондӕн. Сахар мыггагмӕ хӕлддзӕгты кӕри фестӕд ӕмӕ ногӕй арӕзт макуыуал ӕрцӕуӕд.


Рефаимтӕй ма фӕстагмӕ ӕрмӕстдӕр Ог, Башаны паддзах, баззади. Йӕ хуыссӕнуат уыдис ӕфсӕйнагӕй конд, йӕ дӕргъ — фараст ӕлмӕрины, йӕ уӕрх — цыппар ӕлмӕрины. Уый ныр дӕр ис аммонӕгты зӕххыл, Раввайы.


Иссахары ӕмӕ Асиры зӕххыл Менассиамӕ ӕрхаудысты Бет-Шеан, Ивлеам, Дор, Ен-Дор, Таанах ӕмӕ Мегиддо сӕ сахаргӕрӕттимӕ.


Йосефы байзӕддӕгтӕ загътой: «Хӕхбӕстӕ нын скъуындӕг ис цӕрынӕн. Дӕлвӕзы чи цӕры, уыцы ханаанӕгтӕм та — Бет-Шеан ӕмӕ йӕ сахаргӕрӕтты, стӕй Изреелы дӕлвӕзы — ис ӕфсӕндзагъд хӕстон уӕрдӕттӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan