Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 49:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Едомы зӕхх алкӕуыл тас ӕфтаудзӕни йӕ уындӕй. Йӕ рӕзты чи фӕцӕйцӕуа, уый-иу фыр дисӕй ныкъуыззит кӕндзӕн, йӕ хъӕдгӕмттӕм кӕсгӕйӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 49:17
16 Iomraidhean Croise  

Ацы бӕрзонд Кувӕндонӕн дӕр-иу йӕ цурты чи рацӕуа, уый-иу сагъдауӕй аззайдзӕн, стӕй-иу фехситт кӕндзӕн ӕмӕ бафӕрсдзӕн, ацы зӕхх ӕмӕ ацы Кувӕндонӕн Дунедарӕг цӕй тыххӕй афтӕтӕ бакодта, зӕгъгӕ.


Сӕ зӕхх адӕмыл ӕвирхъау тас ӕфтаудзӕн, мыггагмӕ сӕгад уыдзӕн! Сӕ рӕзты чи фӕцӕйцӕуа, уый-иу, йӕ сӕр ӕнкъусгӕйӕ, стыр дисы бафтдзӕн.


Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — Боцрайы сахар алкӕй йӕ уындӕй тасы ӕфтаудзӕн ӕмӕ хынджылӕггаг суыдзӕн, гӕныстонмӕ ӕрцӕудзӕн, ӕлгъитдзысты йӕ, мыггагмӕ йӕ сахартӕ хӕлддзӕгты кӕритӕ фестдзысты».


Дунедарӕг ӕм смӕсты ис, ӕмӕ йӕ зӕххыл цӕрӕг нал баззайдзӕн, ӕгасӕй дӕр сафтид уыдзӕн. Вавилоны рӕзты чидӕриддӕр фӕцӕйцӕуа, уый-иу стыр дисы бафтдзӕн ӕмӕ ныкъуыззит кӕндзӕн, йӕ хъӕдгӕмттӕм ын кӕсгӕйӕ.


Вавилон хӕлддзӕгты кӕри фестдзӕн, хъӕддаг куыйтӕн — цӕрӕнбынат. Йӕ уындӕй алкӕй тасы ӕфтаудзӕн ӕмӕ хынджылӕггаг суыдзӕн, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззайдзӕн.


Уымӕ гӕсгӕ Ӕз, Дунедарӕг, Мӕ къух сисдзынӕн Едоммӕ ӕмӕ йын ныццӕгъддзынӕн йӕ адӕмы дӕр ӕмӕ йӕ фос дӕр, йӕхи та йын ныггӕныстон кӕндзынӕн. Теманӕй Деданы онг карды амӕттаг бауыдзысты иууылдӕр.


Иннӕ адӕмты сӕудӕджертӕ та дыл куы кӕнынц ӕхситт, ӕвирхъау тас куы ’фтауы алкӕуыл дӕ хъысмӕт — ды бабын дӕ мыггагмӕ».


Израилы исбон куы ныггӕныстон, уӕд ды ууыл кӕй цин кодтай, уый тыххӕй дын Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ ды дӕр, Сеиры хох, заууатмӕ ӕрцӕудзынӕ, стӕй ӕппӕт Едом. Ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“».


Фехъусын ын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Ӕз дӕ ныхмӕ сыстдзынӕн, Сеир! Мӕ къух дӕм сисдзынӕн ӕмӕ дӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн.


Ӕз Сеиры хӕхбӕстӕ сафтид кӕндзынӕн, афтид ӕмӕ ӕдзӕрӕг тыгъд быдыр фестдзӕни, налдӕр ӕм бацӕуӕг уыдзӕн, налдӕр уырдыгӕй рацӕуӕг.


Ды ӕххӕст кодтай Амрийы ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ фӕзмыдтай Ахавы фӕдонты хъуыддӕгтӕ, уыдоны уынаффӕтӕм гӕсгӕ цӕрыс. Уымӕ гӕсгӕ дӕ Ӕз ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, дӕ цӕрджыты дын сӕгад кӕндзынӕн, адӕмтӕн хынджылӕггаг суыдзыстут.


Ӕнӕмӕтӕй ӕмӕ райгӕйӕ чи царди, ацы сахар уый у? Йӕхинымӕр-иу дзырдта, мӕнӕн ӕмбал нӕй зӕххы цъарыл, зӕгъгӕ, фӕлӕ ныр мӕнӕ хӕлддзӕгты кӕри ӕмӕ сырдтӕн цӕрӕнбынат фестад. Йӕ цурты чи цӕуа, уый ныхситт кӕндзӕн ӕмӕ йыл йӕ къух ауигъдзӕн.


Уӕ фӕстӕ чи рахъомыл уа, уыцы фӕлтӕртӕ дӕр ӕмӕ дардбӕстаг ӕцӕгӕлӕттӕ дӕр зӕгъдзысты, ацы бӕстӕйы бӕллӕхтӕ ӕмӕ йыл Дунедарӕг цы рынтӕ бафтыдта, уыдонмӕ кӕсгӕйӕ,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan