15 «Адӕмты ’хсӕн дӕ Ӕз ницӕйаджы бынатмӕ ӕруадздзынӕн, ӕмӕ дӕ адӕм ӕлгъагыл банымайдзысты.
Ӕцӕгӕлӕттӕ сыстадысты мӕ ныхмӕ, ӕгъатыртӕ мӕ хъавынц амарынмӕ, Хуыцауы дӕр ницӕмӕуал дарынц.
Ӕз Дунедарӕгӕй фехъуыстон, адӕмтӕм кӕй рарвыстӕуыд минӕвары, цӕмӕй сын зӕгъа: «Ӕрӕмбырд ут, сыстут йӕ ныхмӕ, хӕстмӕ рацӕут!»
О къӕдзӕхты цъассыты цӕрӕг, хӕхты цъуппыты хицау! Хъӕхъхъаг ӕмӕ къӕйных кӕй дӕ, ууыл дӕ зӕрдӕ дзӕгъӕлы дардтай. Уӕлиау ахстон скодтай цӕргӕсау, фӕлӕ дӕ Ӕз уырдыгӕй раппардзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —
— Адӕмты ’хсӕн дӕ Ӕз ницӕйаджы бынатмӕ ’руадздзынӕн, ӕмӕ дыл ӕлгъ кӕндзысты.
Ме знаг дӕр уыдӕттӕ фендзӕнис ӕмӕ къӕмдзӕстыгӕй баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ дзырдта: «Кӕм ис дӕ Дунедарӕг Хуыцау?» Уынджы йӕ цъыфау куыд бассӕнддзысты, уымӕ ӕхсызгонӕй кӕсдзынӕн.
Йӕ къухы хъомыс равдыста ӕмӕ ныххӕлиу кодта, сӕрыстыр чи у, уыдоны сӕ фӕндтимӕ.
Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, зӕгъы, Ӕз дын зӕрдӕ бавӕрдтон: дӕ хӕдзар ӕмӕ Мын дӕ мыггаг ӕнусмӕ кӕндзысты лӕггад. Фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ уымӕн уӕвӕн нал ис! — зӕгъы Дунедарӕг. Аргъуыц Мӕ чи кӕны, Ӕз уыдоны сбӕрзонд кӕндзынӕн, чи Мӕ нӕ нымайы, уыдоны та ӕрныллӕг кӕндзынӕн!