Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 49:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Аммонӕгты тыххӕй Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ау, Израилӕн фырттӕ нӕй? Ау, ӕнӕ бындарӕй баззад? Милком цӕмӕн бацахста Гады зӕхх, ӕмӕ йӕ адӕм Гады сахарты цӕмӕн цӕрынц?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 49:1
32 Iomraidhean Croise  

Кӕстӕр чызг дӕр ныййардта лӕппу ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Бен-Амми. Уый та у ныры аммонӕгты фыдӕл.


Фӕлӕ йын Дунедарӕг йӕ ныхмӕ самидин кодта халдейӕгты, сириӕгты, моавӕгты ӕмӕ аммонӕгты ӕрдонгтӕ. Ӕмӕ уыдон Иудеймӕ ӕрбабырстой, ныггӕныстон ӕй кӕнынмӕ, Дунедарӕг Йӕ пехуымпарты уылты куыд дзырдта, афтӕ.


Уымӕй цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ моавӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгтӕ, меунӕгтӕй дӕр семӕ чидӕртӕ баиу ис, афтӕмӕй Иосафаты ныхмӕ хӕстмӕ рацыдысты.


Аммонӕгтӕ ӕмӕ моавӕгтӕ Сеиры хӕхбӕсты цӕрджытӕм бабырстой ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кодтой, уый фӕстӕ та сӕ кӕрӕдзийы ныццагътой.


Уыдӕттӕ фехъусгӕйӕ ныл хоронаг Санбаллат ӕмӕ Тобиа, аммонаг бӕрнон, стӕй араббаг Гешем былысчъилӕй худтысты: «Цы митӕ кӕнут, цымӕ? Мыййаг уӕм паддзахы ныхмӕ сызмӕнтыны зонд нӕ фӕзынди?»


Санбаллат ӕмӕ Тобиа, араббӕгтӕ, аммонӕгтӕ ӕмӕ ашдодӕгтӕ куы фехъуыстой, Йерусалимы къултӕ ногӕй аразӕм, сӕ къахыртӕ сын ӕхгӕнӕм, уӕд мӕстӕй ссыгъдысты.


Цӕссыджы дӕлвӕзы цӕугӕйӕ дӕр уыдон суадӕттӕ ссарынц, арфӕ йын ӕрхӕссы къӕвда.


Дӕ азар баййӕфта адӕмты, фыдгӕнджыты ныццагътай, мыггагмӕ сын сӕ кой дӕр фесӕфтай.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, цы исбон балӕвар кодтон, уымӕ чи бахъавыд, уыцы фыдзӕрдӕ сыхӕгты Ӕз сӕ зӕххӕй срӕдувдзынӕн, Иудӕйы мыггаджы та ратондзынӕн се ’хсӕнӕй.


Едом, Моав ӕмӕ Аммоны фырттӕн;


уый тыххӕй Ӕз фӕсиддзынӕн цӕгаты ӕппӕт адӕмтӕм, стӕй Мӕ цагъар Навуходоносормӕ, Вавилоны паддзахмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ сӕ ацы зӕххы, йӕ цӕрджыты ӕмӕ, сӕ алыварс цы адӕмтӕ цӕры, ӕппӕт уыдоны ныхмӕ схӕцын кӕндзынӕн. Быныскъуыд сӕ фӕкӕндзынӕн, адӕмыл ӕвирхъау тас куыд бафтауой ӕмӕ хынджылӕггаг куыд суой, афтӕ; гӕныстонмӕ ӕрцӕудзысты мыггагмӕ.


Иудейаг паддзах Цедекиамӕ минӕвӕрттӕ ӕрбацыдысты Йерусалиммӕ, ӕмӕ сӕ уыдонимӕ Едом, Моав, Тир, Сидон ӕмӕ Аммоны фыртты паддзӕхтӕм арвит.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, Моавы тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Додойаг фӕци Невойы сахар: сафтид ӕй кодтой! Кирйатаим фӕхудинаг ис, бацахстой йӕ знӕгтӕ; сӕгад ис, дӕрӕнгонд ӕрцыд йӕ фидар.


Дунедарӕг Дамаскы тыххӕй афтӕ зӕгъы: Хамат ӕмӕ Арпады сахартӕ схъомпал сты, уымӕн ӕмӕ ӕвзӕр уац фехъуыстой. Фыр тӕссӕй рафт-бафт кӕнынц, денджызау сӕхицӕн ӕнцой нӕ арынц.


Дунедарӕг Кедар ӕмӕ Хацоры паддзахӕдты, Вавилоны паддзах Навуходоносор кӕй басаста, уыдоны тыххӕй афтӕ зӕгъы: — Сыстут ӕмӕ Кедары ныхмӕ схӕцут, ныгуылӕйнаг адӕмы сафтид кӕнут!


Уӕларвӕфсады Бардарӕг едомӕгты тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Ау, Теманы иу куырыхон нал ис, ӕмбаргӕтӕн бынтон фӕцыд сӕ зонд? Уӕлзонд скадавар?


Дӕуӕн дӕр, Израилы ӕнаккаг фӕтӕг, фыдгӕнӕг, абон ралӕууыд дӕ тӕригъӕдты фӕстаг бон!


Дунедарӕг мын загъта:


уӕлхӕдзӕрттыл стъалытӕм чи кувы, стӕй Дунедарӕгмӕ дӕр ӕмӕ Милкоммӕ дӕр чи кувы, сӕ дыууӕйӕ дӕр сомы чи кӕны,


Гады байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты.


Аммонӕгтӕм баввахс стут; семӕ быцӕуыл ма ныллӕуут ӕмӕ хӕст ма ракъахут — уыдоны зӕххӕй Ӕз сымахӕн ницы ратдзынӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ Лоты байзӕддӕгтӕн схай кодтон“.


Аммонӕгтӕ ӕмӕ моавӕгтӕн никуы уыдзӕн Дунедарӕджы размӕ бацӕуӕн, суанг сӕ байзӕддӕгты дӕс фӕлтӕры кӕрӕдзийы куы аивой, уӕд дӕр,


уымӕн ӕмӕ уын уыдон, Мысырӕй куы рацыдыстут, уӕд фӕндагыл сӕ къӕбӕр ӕмӕ сӕ дон бахӕлӕг кодтой, стӕй ма уыимӕ Арам-Нахараимаг Петоры цӕрӕг Балаамы, Беоры фырты дӕр баххуырстой, цӕмӕй уӕ ралгъита.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan