Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 48:45 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

45 Хешбоны бырутӕн сӕ аууӕтты фӕллад лигъдӕттӕ лӕууынц. Хешбонӕй арт раирвӕзт, Сигоны хӕдзар пиллон артӕй судзы; йӕ къӕмисӕнтӕ судздзӕни Моавӕн, нӕрӕмонтӕн сӕ сӕртӕ басудздзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 48:45
12 Iomraidhean Croise  

ракодта уырдыгӕй Израилы адӕмы — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.


Ноф ӕмӕ Тахпанхесы цӕрджытӕ дын ныппырх кодтой дӕ сӕр!


Моав йӕ раздӕры кад фесӕфта. Хешбоны цӕрджытӕ йӕ ныхмӕ аразынц фыдвӕнд: „Цӕуӕм ӕмӕ уыцы адӕмы фесафӕм“. Мадмена, дӕуӕн дӕр де сӕфт ӕрцӕудзӕн, дӕ фӕдыл зилы кард!»


Арт бандзардзынӕн Моавы зӕххыл, ӕмӕ уыцы арт Керийоты фидӕрттӕ аныхъуырдзӕн. Тохы уынӕр ӕмӕ сыкъауадындзты уасын хъуысдзысты, афтӕмӕй йе сӕфт ӕрцӕудзӕни Моавӕн.


Иудӕйы хӕдзарӕй равзӕрдзӕни Кувӕндоны фӕстаг дур, цатыры мих ӕмӕ хӕстон ӕрдын, алы фӕтӕг дӕр рацӕудзӕнис уымӕй.


Ӕмӕ арвыста Израил лӕгтӕ Сигонмӕ, аморӕгты паддзахмӕ, цӕмӕй йӕм бахатой:


Уымӕн ӕмӕ Хешбон уыди Сигоны, аморӕгты паддзахы, сахар. Уый та хӕцыди Моавы раздӕры паддзахимӕ ӕмӕ йын йӕ зӕхх ӕнӕхъӕнӕй, суанг Арноны онг, йӕхи бакодта.


Уымӕн ӕмӕ рацыди Хешбонӕй цӕхӕр, Сигоны сахарӕй — арт ӕмӕ аныхъуырдта Ар-Моавы, Арноны бӕрзӕндты хицӕутты.


Дудгӕ фӕбадай, Моав! Бабын стут, Кемошы адӕм, уӕ фырттӕ лидзӕг фесты, уӕ чызджытӕ Сигоны, аморӕгты паддзахы, уацайрӕгтӕ баисты!


Цы нӕма ӕрцыди, уый уынын, нырма дард цы у, уый мӕм зыны; Йаковӕй стъалы ссыди, растади Израилы лӕдзӕг — ныссӕтдзӕн Моавы тӕрных, ныззыгуым кӕндзӕн Шеты байзӕддӕгты.


Йесо сын загъта: «Ау, никуы бакастыстут Сыгъдӕг Фысты: „Аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси фисыны сӕйраг дур. Уый Хуыцау сарӕзта, ӕмӕ уыцы диссаг мах нӕ цӕстӕй уынӕм“?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan