41 Йӕ сахартӕ йын бацахсдзысты, йӕ фидӕрттӕ йын басӕтдзысты. Уыцы бон моаваг гуыппырсартӕ фыр тӕссӕй арӕг устытау нырриздзысты.
Стыр тас сыл бахӕцдзӕн, се уӕнгтӕ срисдзысты, сӕ буар ӕлхынцъытӕ кӕндзӕни, сау тухӕн ӕвзардзысты ӕвгъӕддон сылгоймагау. Стыр дисы бафтгӕйӕ, кӕрӕдзимӕ кӕсдзысты, арт уадздзысты сӕ цӕсгӕмттӕ.
Мӕ хуылф ӕгасӕй дӕр риссы, саутухӕны бафтыдтӕн арӕг сылгоймагау. Цы хъусын, уымӕй арвы цӕфау фӕдӕн, цы уынын, уымӕй стыр катайы бацыдтӕн.
Бафӕрсут-ма искӕй ӕмӕ ахъуыды кӕнут: нӕлгоймагӕн йӕ бон ныййарын у? Уӕдӕ цы уынын Ӕз: нӕлгоймӕгтӕ арӕг устытау ныкъкъӕдзтӕ сты! Сӕ цӕсгӕмттӕ мӕрдон фӕлурс ныйисты.
Ӕз хъусын хъӕр — Сионы чызг арӕг сылгоймагау хъӕрзы; фыццаг хатт чи ары, уыйау йӕ къухтӕ ивазы: «О, додойаг фӕдӕн! Лӕгмарты раз ӕдых дӕн!»
Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — паддзӕхтӕ ӕмӕ уӕздӕттӕн фыр тӕссӕй сӕ зӕрдӕтӕ сӕнкъуысдзысты, сауджынтыл тас бахӕцдзӕн, пехуымпартӕ сагъдау аззайдзысты».
Цӕргӕс стӕхдзӕн ӕмӕ йӕ амӕттагыл йӕхи ныццӕвдзӕн, Боцрайы сӕрмӕ йӕ базыртӕ айтындздзӕн. Уыцы бон Едомы гуыппырсартӕ арӕг устытау нырриздзысты.
Йӕ хъару фесӕфти Дамаскӕн, лидзӕг фӕцис ӕмӕ йыл тас бахӕцыд; фыр рыстӕй арӕг усау хъӕрзы.
Йӕ бӕхты ӕмӕ йӕ бӕхуӕрдӕтты, стӕй, йе ’хсӕн чи цӕры, уыцы ӕндӕрбӕстӕгты ныхмӕ дӕр кард систӕуыд, ӕмӕ сылгоймӕгтау стӕппуд уыдзысты.
Вавилоны паддзах йе уӕнгтӕ ӕруагъта сӕ коймӕ, фыр рыстӕй арӕг усау ныхъхъӕрзыдта.
Нал тох кӕнынц вавилойнаг хӕстонтӕ, бадынц сӕ фидӕртты. Хъару сӕм нал ис, стӕппуд сты сылгоймӕгтау. Вавилоны хӕдзӕрттӕ басыгъдысты, се ’вдузӕнтӕ сын ныссастой.
Сӕ кой сын фехъуыстам ӕмӕ нӕ къухтӕ ӕруагътам, арӕг устытау фыр рыстӕй хъизӕмар кӕнӕм.
Арт бандзардзынӕн Моавы зӕххыл, ӕмӕ уыцы арт Керийоты фидӕрттӕ аныхъуырдзӕн. Тохы уынӕр ӕмӕ сыкъауадындзты уасын хъуысдзысты, афтӕмӕй йе сӕфт ӕрцӕудзӕни Моавӕн.
Уымӕн ӕмӕ адӕм афтӕ куы дзурой: «Алырдыгӕй — сабырад ӕмӕ ӕдасдзинад», уӕд, ӕнхъӕлцау сылгоймагӕн арынафон йӕ тухӕнтӕ куыд ралӕууынц, афтӕ ӕваст сӕ адзал ӕрцӕудзӕн ӕмӕ сын фервӕзыны амал нӕ уыдзӕн.