4 Сафтид ис Моавы зӕхх, кӕуынц йӕ сабитӕ.
Кӕцыфӕнды сахары ма уӕд, алы ран дӕр паддзах иудейӕгтӕн бар лӕвӕрдта, цӕмӕй, чидӕриддӕр сӕ бахъыгдара, уыдоны ныхмӕ ӕмбырдӕй ралӕууой ӕмӕ се знӕгты ӕд устытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ бындзагъд ныккӕной, сӕ исбон та сын сӕхицӕн ӕрбатӕлӕт кӕной.
Уыцы адӕймаг, Дунедарӕг ӕгъатырӕй цы сахартӕ ныззыгуым кодта, уыдоны хъысмӕт бавзарӕд! Сӕумӕрайсом хъусӕд хъарӕг, ӕмбисбон — тохы хъӕртӕ;
Хоронаимӕй хъарӕг хъуысы: ныззыгуым ис, хӕлӕттаг фӕци!
Лухитмӕ фӕндагыл адӕм сау цӕссыг згъалынц; Хоронаиммӕ фӕндагыл адӕм хъарӕг кӕнынц, хӕлӕттаг кӕй фесты, ууыл.