Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 48:39 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

39 Адӕм дзурдзысты, дзыназгӕйӕ: «О, додой! Ныззыгуым ис Моав, фӕхудинаг ис, лидзӕг фесты йӕ адӕм!» Моав хынджылӕггаг сси, йӕ сыхӕгты стыр тасы бафтыдта йӕ уындӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 48:39
10 Iomraidhean Croise  

Моавы зӕхх Кемошы тыххӕй фӕхудинаг уыдзӕн, Израилӕн йӕ зӕрдӕдарӕн Вефил куы сси, уӕд куыд сӕгад ис, афтӕ.


Йӕ сыхӕгтӕ, ныккӕут ыл! Йӕ раздӕры кад ын чи зыдта, уыдон иууылдӕр зӕгъӕнт: «О, додой! Хъомысджын лӕдзӕг, намысджын хъил ныссасти!»


О, додой! Адӕмарӕх сахар куы сафтид ис, идӕдзау иунӕгӕй куы аззади! Кӕддӕр куы уыдис адӕмты ’хсӕн номдзыд, бӕстӕты ус-паддзах куы сси цагъар!


О, додой! Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъд — Сионы Чызджы саудалынджы баппӕрста! Израилы кад арвӕй зӕхмӕ фехста! Тӕрхоны бон ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ ныууагъта Йӕ къӕхты ’нцой!


О, додой! Куыд ныссау ис сыгъдӕг сыгъзӕрин! Кувӕндоны зынаргъ дуртӕ алы тигътыл ныххӕлиу сты!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan