Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 48:36 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

36-37 Мӕ зӕрдӕ уадындзау уымӕн кӕуы Моавыл, дзыназы уадындзау Кир-Хересы цӕрджытыл. Ныр се ’ппӕт исбон бабын ис; сӕ сӕртӕ — даст, сӕ боцъотӕ — ӕлвыд; сӕ цӕнгтыл — ностӕ, се ’ппӕтӕн дӕр сӕ фӕрстыл — сӕхъис.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 48:36
14 Iomraidhean Croise  

Сӕ сахартӕ сын ныппырх кодтой, сӕ бӕзнаг хуымтыл сын фӕйнӕ дуры фехстой, ӕмӕ сын афтӕмӕй дурты бын фесты, сӕ донгуырӕнтӕ сын ныццауӕзтой, сӕ дыргъдӕтты бӕлӕстӕ сын сфӕлдӕхтой. Сӕ сӕйраг сахар Кир-Харесетыл сын ӕрхъула кодтой ӕмӕ йыл дурӕхсӕнтӕй ралӕууыдысты, дур дзы дурыл нал ныууагътой.


Дунедарӕджы масты бон куы ралӕууа, уӕд мулкӕй ницы пайда уыдзӕн, фӕлӕ, раст фӕндагыл чи цӕуы, уый мӕлӕтӕй фервӕздзӕн.


Тӕригъӕдджынӕн йӕ фӕдыл цӕуы фыдбылыз, рӕстуды хӕрзиуӕг — ӕвыдӕй цӕрын.


Дунедарӕджы ном — фидар мӕсыг, рӕстуд дзы бамбӕхсдзӕн ӕмӕ уыдзӕн ӕдас.


Мӕ зӕрдӕ дзыназы Моавы хъысмӕтыл; йӕ адӕм лидзынц Цоары сахармӕ — Еглат-Шелишимӕ. Кӕугӕйӕ ссӕуынц Лухиты хъӕуы хӕрдыл; Хоронаимы сахармӕ фӕндагыл зӕрдӕхалӕн хъарджытӕ кӕнынц.


Моавы адӕм сӕ фӕллой Хӕристы дӕлвӕзы фалӕмӕ фӕхӕссынц.


Хъисфӕндырау дзыназы мӕ зӕрдӕ Моавыл, мӕ уд кӕуы Кир-Хересы хъысмӕтыл.


Ӕркӕс уӕларвӕй, Дӕ кадджын ӕмӕ Дӕ уаз бынатӕй! Кӕм ис Дӕ уарзондзинад, Дӕ хъомыс? Куы ницыуал Дын уынӕм Дӕ бирӕ хӕрзтӕй, Дӕ хорзӕхтӕй!


Хуыргарк, йӕхӕдӕг кӕй не ’рӕфтыдта, уыцы ӕйчытыл къуыртты фӕбады. Уый ӕнгӕс у, мӕнгард миты фӕрцы чи схъӕздыг ис, уыцы адӕймаг. Йӕ кары тӕмӕны алцӕмӕй дӕр ӕнӕхай фӕуыдзӕн ӕмӕ ӕдылыйы бынаты баззайдзӕн.


О зӕрдӕ, зӕрдӕ! Фырвӕллад баци зӕрдӕ фыр рыстӕй, фӕйнӕрдӕм тоны, нал зонын ӕнцой — сыкъауадындзты уасын ӕмӕ тохы хъӕртӕ хъусын.


Уымӕн кӕуын Ӕз Моавыл, ӕгас Моавыл дзыназын, Кир-Хересы цӕрджытыл хъарӕг кӕнын.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan