35 Уаз къуыппытыл нывӕндтӕ чи хӕссы ӕмӕ дзы йӕхи хуыцӕуттӕн буд чи судзы, уыдоны Ӕз ныццӕгъддзынӕн Моавы», — зӕгъы Дунедарӕг.
Моавы цӕрджытӕ ссыдысты Дивоны кувӕн къуыбыртӕм ӕмӕ уым еххӕй кӕуынц Нево ӕмӕ Медевайы сахартыл; иууылдӕр алвыдтой сӕ сӕртӕ, адастой сӕ боцъотӕ.
Моавӕгтӕ сӕхи цасфӕнды хъарӕнт сӕ бӕрзӕндтыл нывӕндтӕ хӕссыныл, сӕ кувӕндонмӕ цӕуӕнт ӕмӕ кувӕнт — уыдӕттӕ сын ницыуал баххуыс уыдзысты.
О Иудей! Дӕ сахартӕ цӕйбӕрц сты, дӕ хуыцӕуттӕ дӕр — уый бӕрц! Йерусалимы цал уынджы ис, уал нывондхӕссӕны дзы сӕвӕрдтат, цӕмӕй сыл ӕлгъаг Баалӕн будсудзӕн кӕнат!
Уӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ уӕ хӕзнатыл уӕ зӕрдӕ дардтат ӕмӕ ныр уацары бахаудыстут. Кемош дӕр ӕд сауджынтӕ ӕмӕ ӕд уӕздӕттӕ уацары ацӕудзӕн.
Сымах давут, марут, хӕтут, мӕнг сомытӕ кӕнут, Баалӕн буд судзут ӕмӕ, кӕй нӕ зыдтат, уыцы ӕндӕр хуыцӕуттӕм кувут.
Семӕ та хъуамӕ уа сӕн: гины ӕрдӕг — уӕныгимӕ, гины ӕртыккаг хай — фыримӕ, гины цыппӕрӕм хай — уӕрыккимӕ. Уый — иууылсудзинаг нывонд афӕдзы алы мӕйноджы дӕр.