Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 48:32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

32 О Сивмайы сӕндон! Дӕуыл куыд кӕуын, афтӕ Ӕз Йазерыл дӕр нӕ куыдтон. Дӕ талатӕ суанг денджызы фаллаг фарсмӕ аххӕссыдысты ӕмӕ ныххӕццӕ сты Йазеры цадмӕ. Ныр дын дӕ рӕгъӕд сӕнӕфсир ӕмӕ дӕ сӕрдыгон дыргътӕ ныллӕгуын кодта дӕрӕнгӕнӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 48:32
13 Iomraidhean Croise  

Ӕз халдейӕгты раз дзуапп дӕттынӕн баззайдзынӕн Мицпайы, уымӕн ӕмӕ нӕм уыдон ардӕм цӕудзысты. Сымах та ӕрӕфтауц кӕнут сӕн, сӕрдыгон дыргътӕ ӕмӕ оливӕйы сой, уӕ мигӕнӕнты сӕ ӕрӕфснайут ӕмӕ, цы сахартӕ бацахстат, уыдоны цӕрут».


Сафтид ис Моав, йӕ сахартӕ йын бацахстой, ӕвзӕрст лӕппуты акодтой ӕргӕвдынмӕ, — зӕгъы Паддзах, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Дивоны цӕрӕг, дӕ кадджын бынатӕй сыст ӕмӕ хус зӕххыл ӕрбад, уымӕн ӕмӕ, Моавы зӕхх чи сафтид кодта, уый дӕм ӕрбацӕудзӕн ӕмӕ дын дӕ фидӕрттӕ ныппырх кӕндзӕн.


Дӕрӕнгӕнӕг алы сахармӕ дӕр бабырсдзӕн, иунӕг сахар дӕр нӕ аирвӕздзӕн. Бабын уыдзӕн дӕлвӕз, сафтид уыдзӕн фӕз, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ загъта.


Моисей бӕрӕггӕнӕг арвыста Йазермӕ, ӕмӕ йын израилӕгтӕ бацахстой йӕ алыварс хъӕутӕ, аморӕгты бынаты ӕрцардысты.


Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕм рӕгъӕуттӕ тынг бирӕ уыди. Йазер ӕмӕ Галаады бӕстӕтӕ куы федтой, уӕд сӕм стурвос хизынӕн хорз фӕкастысты.


«Атарот, Дивон, Йазер, Нимра, Хешбон, Елале, Свам, Нево ӕмӕ Беон —


Атарот-Шофан, Йазер ӕмӕ Йагбеха,


Нево ӕмӕ Баал-Меон (ацы сахартӕн сӕ нӕмттӕ аивтой), стӕй Сивма. Ногӕй цы сахартӕ сарӕзтой, уыдонӕн ног нӕмттӕ радтой.


Кирйатаим, Сивма, Церет-Шахар Иорданы скӕсӕнбыл хӕхбӕсты,


Йазер ӕмӕ Галаады ӕппӕт сахартӕ, Раввайӕ скӕсӕнӕрдӕм Ароеры онг аммонӕгты бӕстӕйы ӕмбис,


Хешбон йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Йазер йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ: ӕдӕппӕтӕй цыппар сахары.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan