31 Уымӕн кӕуын Ӕз Моавыл, ӕгас Моавыл дзыназын, Кир-Хересы цӕрджытыл хъарӕг кӕнын.
Сӕ сахартӕ сын ныппырх кодтой, сӕ бӕзнаг хуымтыл сын фӕйнӕ дуры фехстой, ӕмӕ сын афтӕмӕй дурты бын фесты, сӕ донгуырӕнтӕ сын ныццауӕзтой, сӕ дыргъдӕтты бӕлӕстӕ сын сфӕлдӕхтой. Сӕ сӕйраг сахар Кир-Харесетыл сын ӕрхъула кодтой ӕмӕ йыл дурӕхсӕнтӕй ралӕууыдысты, дур дзы дурыл нал ныууагътой.
Мӕ зӕрдӕ дзыназы Моавы хъысмӕтыл; йӕ адӕм лидзынц Цоары сахармӕ — Еглат-Шелишимӕ. Кӕугӕйӕ ссӕуынц Лухиты хъӕуы хӕрдыл; Хоронаимы сахармӕ фӕндагыл зӕрдӕхалӕн хъарджытӕ кӕнынц.
Мӕ зӕрдӕ уадындзау уымӕн кӕуы Моавыл, дзыназы уадындзау Кир-Хересы цӕрджытыл. Ныр се ’ппӕт исбон бабын ис; сӕ сӕртӕ — даст, сӕ боцъотӕ — ӕлвыд; сӕ цӕнгтыл — ностӕ, се ’ппӕтӕн дӕр сӕ фӕрстыл — сӕхъис.