Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 48:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Моав сӕрыстыр, ӕнӕввӕрсон ӕмӕ къӕйных кӕй у, уый мах фехъуыстам.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 48:29
13 Iomraidhean Croise  

Ды алцы куыд зоныс, уый мӕ ӕфтауы стыр дисы, мӕ зонд ӕй нӕ ахсы!


Хъӕздыгӕн йӕ исбон — йӕ фидар мӕсыг, бӕрзонд сисау ӕм кӕсы.


Къӕйных ӕмӕ ’нӕввӕрсон адӕймаг, йӕ ном «ӕдзӕсгом» кӕмӕн у, уымӕн йӕ къӕйныхдзинад у нӕрӕмон.


Ис, ӕнӕввӕрсон чи у, ахӕмтӕ, иннӕтӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕсынц.


Дунедарӕджы раз тас кӕмӕ ис, уымӕн фыддзинад ӕнӕуынон у. Сӕрыстыр ӕмӕ схъӕлдзырд, галиу фӕндаг ӕмӕ мӕнгӕвзаг ӕнӕуынон сты мӕнӕн.


«Ӕз бафхӕрдзынӕн дуне йӕ тӕригъӕдты аххосӕй, ӕнаккӕгты — сӕ фыдракӕндты тыххӕй. Кӕрон скӕндзынӕн хъалты сӕрхызтӕн, ӕрныллӕг кӕндзынӕн сӕрбӕрзонд ӕфхӕрджыты.


Мах фехъуыстам, Моав куыд ӕнӕввӕрсон у, йе схъӕл митӕн кӕрон куыд нӕй, куыд къӕйных ӕмӕ куыд налат у, куыд тутт сты йӕ хиппӕлой ныхӕстӕ.


Уымӕн ӕмӕ, йӕхи бӕрзонд бынаты чи ӕвӕры, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи ныллӕг чи кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн».


Уыйхыгъд нын Хуыцау ноджы фылдӕр хорзӕх дӕтты. Уымӕ гӕсгӕ Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Хуыцау сӕрыстыртӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan