Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 48:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 Моавы цӕрджытӕ, уӕ сахартӕ ныууадзут ӕмӕ къӕдзӕхтыл ӕрцӕрут, лӕгӕтты сӕрмӕ ахстӕттӕ цы хъӕддаг бӕлӕттӕ скӕнынц, уыдоны бафӕзмут.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 48:28
10 Iomraidhean Croise  

Ноджыдӕр ма банхъӕлмӕ каст авд боны ӕмӕ та бӕлоны рауагъта, ӕмӕ йӕм ацы хатт бӕлон нал ӕрбаздӕхти фӕстӕмӕ.


О, мӕ бӕлон, комы айнӕджы бын чи бамбӕхст! Ратт мын дӕ феныны бар, фехъусын мын кӕн дӕ хъӕлӕс — адджын у дӕ хъӕлӕс, дӕ цӕсгом — диссаджы рӕсугъд!»


Адӕм къӕдзӕхты скъуыдты ӕмӕ зӕххы рыджы бамбӕхсдзысты сӕхи, Дунедарӕджы тасӕй, Йӕ кады стырадмӕ кӕсгӕйӕ, Уый зӕххыл Йӕ азар куы ныххуырса, уӕд.


Моавӕн базыртӕ раттут, цӕмӕй йӕ бон атӕхын суа. Йӕ сахартӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестдзысты, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззайдзӕн.


О къӕдзӕхты цъассыты цӕрӕг, хӕхты цъуппыты хицау! Хъӕхъхъаг ӕмӕ къӕйных кӕй дӕ, ууыл дӕ зӕрдӕ дзӕгъӕлы дардтай. Уӕлиау ахстон скодтай цӕргӕсау, фӕлӕ дӕ Ӕз уырдыгӕй раппардзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Деданы цӕрджытӕ, фӕстӕмӕ мауал кӕсут, лидзгӕут ӕмӕ лӕгӕтты бамбӕхсут. Уымӕн ӕмӕ Ӕз Исавӕн фыдбылыз бавзарын кӕндзынӕн, йӕ тӕрхоны рӕстӕг ӕрцыд, ӕмӕ йӕ бафхӕрдзынӕн.


Израилӕгтӕ мидианӕгты ’фсондзы бын хъизӕмарӕй мардысты, къӕдзӕхты цъассыты, лӕгӕтты ӕмӕ ӕвадат хӕхты бӕрзӕндты бамбӕхстысты.


Израилӕгтӕ уыдтой сӕ уӕззау уавӕр, уынгӕджы фесты ӕмӕ сӕхи ӕмбӕхстой лӕгӕтты, цъассыты, къӕдзӕхты скъуыдты, зӕппӕдзты ӕмӕ донуӕтты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan