Йеремиа 48:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст26 Срасыг ӕй кӕнут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ныхмӕ сыстади! Уадз ӕмӕ Моав йӕ сӕты лӕзӕра, уадз ӕмӕ хынджылӕггаг суа! Faic an caibideil |
Цӕгаты паддзах раздӕрау, цы йӕ фӕнда, уыдӕттӕ кӕндзӕн, тынг схъал уыдзӕн ӕмӕ йӕхи хуыцӕуттӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн. Хуыцӕутты Хуыцауы ныхмӕ ӕвирхъау фауӕн ныхӕстӕ кӕндзӕн ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты уыдзӕни ӕнтыстджын, цалынмӕ уыцы уӕззау заманӕн йӕ кӕрон ӕрцӕуа, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ, рагацау цы снысан чындӕуыд, уыдӕттӕ хъуамӕ иууылдӕр сӕххӕст уой.
Дӕхи уӕларвы Бардарӕгӕй уӕлдӕр сӕвӕрдтай. Йӕ Хӕдзары кӕхцытӕ дын дӕ размӕ ӕрбахастой, ӕмӕ де ’лдӕрттӕ, дӕ устытӕ ӕмӕ дӕ номылустытимӕ уыдонӕй сӕн нуӕзтай. Ӕвзист, сыгъзӕрин, ӕрхуы, ӕфсӕйнаг, хъӕдын ӕмӕ дурӕй конд хуыцӕутты кады аккаг скодтай. Уыдон та сты куырм, къуырма ӕмӕ ӕнӕзонд. Дӕ царды комулӕфт кӕй къухы ис ӕмӕ Дӕ фӕндӕгтӕ кӕй бар сты, уыцы Хуыцауы та кады аккаг не скодтай.