Йеремиа 48:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст21-24 Рахастӕуыд дӕлвӕзӕн тӕрхон: Холон, Йахац, Мефаат, Дивон, Нево, Кирйатаим, Бет-Гамул, Бет-Меон, Бет-Дивлатаим, Керийот, Боцра — дард ӕмӕ хӕстӕг сахартӕй иу дӕр ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззади Моавы. Faic an caibideil |
Уӕдӕ Ӕз, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, сомы кӕнын Мӕхицӕй! Моавӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгтӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕйы хал ахӕрдзысты! Сӕ зӕххытӕ хӕмпӕлгӕрдӕгӕй нал зындзысты, гӕныстонмӕ ’рцӕудзысты, ӕдзӕрӕг быдыр фестдзысты мыггагмӕ! Мӕ адӕмӕй ма чи аирвӕза, уыдон сӕ ныххӕлӕттаг кӕндзысты, уыдоны исбон бауыдзысты.