19 Ароеры чызг, фӕндаджы раз ӕрлӕуу ӕмӕ дӕ размӕ кӕс. Чи аирвӕзт, уыцы лидзджыты, цы ’рцыди, зӕгъгӕ, фӕрс.
Бахызтысты Иорданыл ӕмӕ райдыдтой Ароерӕй, стӕй Арноны тӕрфы тӕккӕ уӕлбыл сахарӕй, ӕмӕ араст сты Гады зӕхмӕ ӕмӕ Йазеры сахармӕ.
ӕмӕ Бела. Белайы фыдӕлтӕ — кӕстӕрӕй хистӕрмӕ — Азаз, Шема ӕмӕ Иоел. Рувимы байзӕддӕгтӕ цардысты Ароеры сахары ӕмӕ уымӕй цӕгатӕрдӕм дӕр, суанг Нево ӕмӕ Баал-Меоны онг;
Ӕмӕ сарӕзтой Гады байзӕддӕгтӕ Дивон, Атарот ӕмӕ Ароер,
Арноны был чи ис, уыцы Ароер ӕмӕ, Арноны дӕлвӕзы цы сахар ис, уырдыгӕй суанг Галаады онг иунӕг сахар дӕр нӕ ныхмӕ лӕууын нӕ бафӕрӕзта — се ’ппӕты дӕр нын нӕ амӕттаг бакодта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау.
Амораг паддзах Сигон царди Хешбоны. Йӕ паддзахады зӕххытӕ Арноны донвӕдӕй, Арноны уӕлвӕз Ароерӕй ӕххӕссыдысты Йавочы тӕрфы — аммонӕгты арӕны — онг, ахстой Галаады хуссайраг ӕмбис,
Израилӕгтӕ Хешбон ӕмӕ йӕ алыварс хъӕуты, Ароер ӕмӕ йӕ алыварс хъӕуты, стӕй Арноны дон-дон цы хъӕутӕ ис, уыдоны ныридӕгӕн ӕртӕсӕдӕ азы цӕрынц. Ӕмӕ нӕ уӕд ацы зӕххытӕ раздӕр цӕуылнӕ истай?
Хабархӕссӕг Елиайӕн загъта: «Тохы быдырӕй ӕрбахӕццӕ дӕн, тӕккӕ абон ралыгътӕн уырдыгӕй». Елиа бафарста: «Цы ’рцыди, мӕ хъӕбул?»