Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 48:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Дивоны цӕрӕг, дӕ кадджын бынатӕй сыст ӕмӕ хус зӕххыл ӕрбад, уымӕн ӕмӕ, Моавы зӕхх чи сафтид кодта, уый дӕм ӕрбацӕудзӕн ӕмӕ дын дӕ фидӕрттӕ ныппырх кӕндзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 48:18
13 Iomraidhean Croise  

йӕхӕдӕг ацыд ӕмӕ уырдыгӕй фаты ӕхстбӕрц дарддӕр сбадти, лӕппуйы мӕлӕт ма фенон, зӕгъгӕ, ӕмӕ ӕрдиаг кодта.


Фӕлӕ адӕм дойныйӕ стыхстысты ӕмӕ хъуыр-хъуыр кодтой Моисейыл: «Цӕмӕн нӕ ракодтай Мысырӕй? Нӕхи дӕр, нӕ сабиты дӕр ӕмӕ нын нӕ фос дӕр дойныйӕ амарынмӕ?»


Моавы цӕрджытӕ ссыдысты Дивоны кувӕн къуыбыртӕм ӕмӕ уым еххӕй кӕуынц Нево ӕмӕ Медевайы сахартыл; иууылдӕр алвыдтой сӕ сӕртӕ, адастой сӕ боцъотӕ.


Дӕ паддзахы бадӕнӕй ӕрхиз, ӕнӕрцӕф ӕхсин Вавилон, ӕмӕ рыджы сбад зӕххыл, Халдейы чызг. Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ нал хондзысты тӕнтъихӕг ӕмӕ буцхаст.


Уымӕ гӕсгӕ Мӕ адӕмы ӕнӕнхъӕлӕджы акӕндзысты уацары; уым сӕ уӕздӕттӕ сыдӕй мӕлдзысты, иннӕ адӕм та — дойныйӕ.


Ныр ӕй ныссагъдӕуыд ӕдзӕрӕг ран — ӕнӕдон ӕмӕ хус зӕххыл.


Фатты бын сӕ фӕкодтам; бацарӕфтыд кодтам Хешбон Дивоны онг, гӕныстон фӕци, Медевайы раз чи ис, уыцы Нофахы онг».


«Атарот, Дивон, Йазер, Нимра, Хешбон, Елале, Свам, Нево ӕмӕ Беон —


Хешбон ӕмӕ уӕлвӕзы сахартӕ иууылдӕр: Дивон, Бамот-Баал, Бет-Баал-Меон,


Арноны уӕлвӕз Ароерӕй ӕмӕ донвӕды тӕккӕ уӕлбыл сахарӕй райдай ӕмӕ Дивонӕй Медевайы ӕхсӕн тъӕпӕн ӕнӕхъӕнӕй,


Самсон дойныйӕ марди ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывта: «Ды мӕнӕн, дӕ цагъарӕн, балӕвар кодтай ацы стыр уӕлахиз. Уӕдӕ ныр дойныйӕ амӕлдзынӕн ӕмӕ ацы ӕнӕсунӕтты къухтӕм бахаудзынӕн?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan