Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 48:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Йӕ сыхӕгтӕ, ныккӕут ыл! Йӕ раздӕры кад ын чи зыдта, уыдон иууылдӕр зӕгъӕнт: «О, додой! Хъомысджын лӕдзӕг, намысджын хъил ныссасти!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 48:17
12 Iomraidhean Croise  

Стыр сты Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ, уарзон кӕмӕн сты, уыдонӕн — бӕллиццаг.


Сар сӕ сӕр кӕны ассириӕгтӕн — Мӕ масты лӕдзӕг ӕмӕ Мӕ азары ехсӕн!


уый хъӕхъхъагӕй алы адӕмты цавта, иу цӕф сын иннӕйы фӕдыл кодта, ӕлдариуӕг сын кодта карзӕй, ӕфхӕрдта сӕ ӕгъатырӕй.


Бахус сты Хешбоны сӕндӕттӕ, Сивмайы сӕнӕфсир дӕр афтӕ. Адӕмты барджынтӕ йын йӕ хуыздӕр талатӕ бассӕстой, афтӕмӕй та уыдон кӕддӕр суанг Йазеры онг аххӕссыдысты, дарддӕр та апырх сты ӕдзӕрӕг быдырыл. Уым фӕйнӕрдӕм райрӕзтысты ӕмӕ суанг Мард денджызы фаллаг фарсмӕ бахӕццӕ сты.


Кӕддӕр сӕ мидианӕгтӕй куыд фервӕзын кодтай, афтӕ сын Ды ныр дӕр ныппырх кӕндзынӕ сӕ уӕззау ӕфсондз — ӕцӕгӕлон ӕлдарады ӕфсондз ӕмӕ фыдӕбойнаг рӕхыс, стӕй, цы лӕдзӕгӕй сӕ ӕфхӕрдтой, уый дӕр.


Адӕм дзурдзысты, дзыназгӕйӕ: «О, додой! Ныззыгуым ис Моав, фӕхудинаг ис, лидзӕг фесты йӕ адӕм!» Моав хынджылӕггаг сси, йӕ сыхӕгты стыр тасы бафтыдта йӕ уындӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan