Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 48:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Фӕлӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ йӕм Ӕз сӕндуцджытӕ арвитдзынӕн. Ӕндӕр ранмӕ йӕ сӕвгӕндзысты, йӕ мигӕнӕнтӕ йын сафтид кӕндзысты ӕмӕ йын йӕ дурынтӕ ныппырх кӕндзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 48:12
14 Iomraidhean Croise  

Де ’фсӕн лӕдзӕгӕй сӕ ӕрцӕвдзынӕ, дурынтау сӕ ныззыгуым кӕндзынӕ“».


Уымӕн ӕмӕ Арноны донуайӕнты цур моаваг чызджытӕ рауай-бауай кӕнынц, сӕ ахстонӕй кӕй раппӕрстой, ахӕм удаист лӕппын цъиутау.


Уӕ хъысмӕт уыдзӕн, ӕлыгӕй конд дурын ӕнауӕрдонӕй куыд ныппырх кӕнынц, уый хуызӕн — дурын базгъӕлӕнтӕ вӕййы, ӕмӕ дзы иу сӕстаг дӕр ахӕм нал баззайы, къонайы артӕй зынг цӕмӕй райсай, донуатӕй дон цӕмӕй сисай“».


Уӕздӕттӕ сӕ лӕггадгӕнджыты донмӕ арвитынц, уыдон ӕрцӕуынц цъайтӕм, фӕлӕ дон нӕ арынц. Фӕстӕмӕ афтид дурынтимӕ здӕхынц, рохстӕй ӕмӕ ӕфсӕрмхуызӕй сӕ сӕртӕ бамбӕрзынц.


Демӕ чи ӕрбацыди, уыдоны раз дӕ дурын ныппырх кӕн


Фыййӕуттӕ, кӕут ӕмӕ дзыназут! Рӕгъауы фӕтӕгтӕ, уӕхиуыл рыг ӕркалут, уымӕн ӕмӕ уе ’ргӕвдыны рӕстӕг ӕрхӕццӕ; ныххӕлиу уӕ кӕндзысты, ӕмӕ зынаргъ мигӕнӕнау ныппырх уыдзыстут.


уый тыххӕй Ӕз фӕсиддзынӕн цӕгаты ӕппӕт адӕмтӕм, стӕй Мӕ цагъар Навуходоносормӕ, Вавилоны паддзахмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ сӕ ацы зӕххы, йӕ цӕрджыты ӕмӕ, сӕ алыварс цы адӕмтӕ цӕры, ӕппӕт уыдоны ныхмӕ схӕцын кӕндзынӕн. Быныскъуыд сӕ фӕкӕндзынӕн, адӕмыл ӕвирхъау тас куыд бафтауой ӕмӕ хынджылӕггаг куыд суой, афтӕ; гӕныстонмӕ ӕрцӕудзысты мыггагмӕ.


Моав йе ’взонджы бонтӕй абоны онг ӕнӕхъыгдардӕй царди, сӕн йӕ бынтыл куыд ӕрбады, уыйау. Иу ранӕй йӕ иннӕмӕ никуы сӕвгӕдтой, уацары йӕ никуы акодтой, ӕмӕ хӕрзадӕй баззад, йӕ хӕрздӕф нӕ фесӕфт.


Моавы зӕхх Кемошы тыххӕй фӕхудинаг уыдзӕн, Израилӕн йӕ зӕрдӕдарӕн Вефил куы сси, уӕд куыд сӕгад ис, афтӕ.


Сафтид ис Моав, йӕ сахартӕ йын бацахстой, ӕвзӕрст лӕппуты акодтой ӕргӕвдынмӕ, — зӕгъы Паддзах, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Моавӕн йӕ алы уӕлхӕдзарӕй, йӕ алы уынгӕй дӕр хъуысы хъарӕг, уымӕн ӕмӕ Ӕз Моавы зӕхх ӕнӕпайда мигӕнӕнау ныззыгуым кодтон, — зӕгъы Дунедарӕг.


Дӕрӕнгӕнӕг алы сахармӕ дӕр бабырсдзӕн, иунӕг сахар дӕр нӕ аирвӕздзӕн. Бабын уыдзӕн дӕлвӕз, сафтид уыдзӕн фӕз, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ загъта.


Дунедарӕг ногӕй скадджын кӕндзӕн Израилы, кӕд ӕй абырджытӕ бастыгътой ӕмӕ йын йӕ сӕнӕфсиры талатӕ бассӕстой, уӕддӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan