7 Ӕниу, куыд ӕрсабыр уай? Дунедарӕг бардзырд радта, Йӕ кард сарӕзта Ашкелон ӕмӕ денджызы былгӕрӕтты ныхмӕ.
Ассириӕгты арвитдзынӕн ӕнӕхуыцау адӕмы, Мӕ маст кӕмӕ ссыгъди, уыдоны ныхмӕ — уадз ӕмӕ сӕ бастигъой, сафтид сӕ кӕной, уынгты рыгау сӕ бассӕндой.
Ӕз бардзырд радтон Ме ’взӕрстытӕн, фӕсидтӕн Ме ’хсарджынтӕм, Мӕ кад стыр цины хос кӕмӕн у, уыдонмӕ, цӕмӕй Мын сӕххӕст кӕной Мӕ тӕрхон».
Фӕлӕ-ма зӕгъ, дӕ хъустыл никуы ӕрцыдис, Ӕз уыдӕттӕ незаманты кӕй стӕрхон кодтон, уый? Ныр сӕ ӕххӕст кӕнын, ды сахартӕ куыд гӕныстон кӕныс, куыд сӕ пырх кӕныс, уыцы хуызы.
Дунедарӕджы хъуыддаг ӕххӕст кӕнгӕйӕ, зӕрдиагӕй чи нӕ архайы ӕмӕ йӕ кард тугӕй чи нӕ ахоры, уый ӕлгъыст у!
Кӕнӕ Ӕз уыцы зӕхх карды амӕттаг куы бакодтаин ӕмӕ бардзырд куы раттаин: „Мӕнӕ кард, ацы зӕххыл ацу!“, адӕмӕй, фосӕй сӕ куы ныццагътаин,
Ды та, адӕймаджы фырт, пехуымпариуӕг кӕн, дӕ армытъӕпӕнтӕ кӕрӕдзиуыл ӕрцӕвгӕйӕ. Фӕдывӕр ӕмӕ, зӕгъ, фертывӕр уыдзӕни карды тых, йӕ амӕттаг кӕй кӕна, уыдоны ныхмӕ, уыимӕ стыр паддзахы ныхмӕ, ӕмӕ сӕ арф ныррӕхойдзӕн.
Дӕ кард нытътъысс йӕ кӕрддзӕмы. Тӕрхон дын кӕндзынӕн, кӕм дӕ рафӕлдыстӕуыди, цы зӕххыл сӕнтыстӕ, уым.
«Адӕймаджы фырт! Зӕгъ пехуымпар ныхас: „Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: кард уӕм ӕрбацӕуы, кард. У цыргъгонд ӕмӕ цӕхӕртӕ калы.
уый тыххӕй Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Мӕ къух сисдзынӕн филистимӕгтӕм — уыцы керетӕгтӕм, стӕй ма сӕ денджызгӕрӕтты чидӕриддӕр баззад, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныццӕгъддзынӕн.
Сахары сыкъауадындзы уасын куы райхъуыса, уӕд адӕм нӕ фӕтӕрсдзысты? Дунедарӕг бар куынӕ радта, уӕд сахары фыдбылыз ӕрцӕудзӕн?
Дунедарӕджы хъӕлӕс сиды сахармӕ (куырыхон зонды нысан — тас Дӕ номы раз): хъусут лӕдзӕгмӕ, стӕй, Чи йӕ сӕвӕрдта, Уымӕ.
Ныр цу ӕмӕ ныццӕгъд амалекӕгты. Цыдӕриддӕр сӕм ис, уыдон сын ныффалгӕрон кӕнут. Ма сын фӕтӕригъӕд кӕн: нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, тырынӕй, дзидзидайӕ, галӕй, фысӕй, теуайӕ, хӕрӕгӕй — се ’ппӕты дӕр амар“».