6 О Дунедарӕджы кард, кӕд басабыр уыдзынӕ? Раздӕх дӕ кӕрддзӕммӕ, иу ран ӕрлӕуу, ӕрсабыр у!
Авнер ныхъхъӕр кодта Йоавмӕ: «Нӕ кӕрдтӕ туджы кӕдмӕ ӕвдулдзыстӕм? Хорз ӕй куы зоныс, хъуыддаг цӕмӕ цӕуы, уый? Кӕд ӕрдомдзынӕ дӕ адӕмӕй, цӕмӕй се ’фсымӕрты фӕдыл мауал зилой?»
Стӕй Дунедарӕг мӕлӕтхӕссӕг зӕдӕн загъта, ӕмӕ уый йӕ кард кӕрддзӕмы нытътъыста.
Йе ’рттывдӕй мигътӕ тахтысты Йӕ разӕй — ихуард ӕмӕ зынджы стъӕлфӕнтӕ.
Фӕрӕт куыд хъуамӕ раппӕла йӕхицӕй, архайгӕ дзы чи кӕны, уый раз? Науӕд хырх сӕрбӕрзондӕй куыд хъуамӕ кӕса, хырхгӕ дзы чи кӕны, уымӕ? Лӕдзӕг, йӕ къухмӕ йӕ чи райсы, уыцы адӕймаджы ныттилдзӕни, мыййаг? Къобола лӕдзӕг, хъӕдӕй конд чи нӕу, уыцы цардуды хӕрдмӕ сисдзӕн?
Сар сӕ сӕр кӕны ассириӕгтӕн — Мӕ масты лӕдзӕг ӕмӕ Мӕ азары ехсӕн!
Гӕныстонгӕнджытӕ фӕцӕуынц ӕдзӕрӕг быдыры къуыбыртыл, Дунедарӕджы кард ӕгас зӕхх ныхъуыры, ӕмӕ иу уд дӕр ӕнцой нал зоны.
Кӕдмӕ дзыназдзӕн зӕхх, быдырты кӕрдӕг кӕдмӕ хус кӕндзӕн? Зӕххон цӕрджыты аххосӕй сӕфынц цӕрӕгойтӕ ӕмӕ мӕргътӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон дзурынц: «Нӕ фӕндӕгтӕ нын Уый нӕ уыны».
Цыппар хуызы сӕ бафхӕрдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — карды цӕфӕй мӕлдзысты, куыйтӕ сӕ фӕйнӕрдӕм тондзысты, уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕ сӕ ныхъуырдзысты ӕмӕ сафдзысты.
Зӕгъ сын: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: нуазгӕ кӕнут ӕмӕ ныррасыг ут, сбухъ кӕнут ӕмӕ ахаут зӕххыл, кӕй уӕм ӕрвитын, уыцы карды раз уӕ бон сыстын куыннӕуал суа, афтӕ!»
Тырысатӕм кӕдмӕ кӕсдзынӕн, сыкъауадындзты уасынмӕ кӕдмӕ хъусдзынӕн?
Дунедарӕджы хъуыддаг ӕххӕст кӕнгӕйӕ, зӕрдиагӕй чи нӕ архайы ӕмӕ йӕ кард тугӕй чи нӕ ахоры, уый ӕлгъыст у!
Халдейӕгтӕ, Вавилоны цӕрджытӕ, сӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ сӕ куырыхонты ныхмӕ кард ист ӕрцыд, — зӕгъы Дунедарӕг. —
Кӕнӕ Ӕз уыцы зӕхх карды амӕттаг куы бакодтаин ӕмӕ бардзырд куы раттаин: „Мӕнӕ кард, ацы зӕххыл ацу!“, адӕмӕй, фосӕй сӕ куы ныццагътаин,
Дӕ кард нытътъысс йӕ кӕрддзӕмы. Тӕрхон дын кӕндзынӕн, кӕм дӕ рафӕлдыстӕуыди, цы зӕххыл сӕнтыстӕ, уым.
«О кард! Сыст Мӕ фыййауыл, ӕввахс Мӕм чи лӕууы, ууыл! — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Ӕрцӕв фыййауы, ӕмӕ фыстӕ ныххӕлиу уой! Ӕз Мӕ къух уӕрыччытӕм сисдзынӕн.
Фӕлӕ Йесо загъта Петрӕн: «Нывӕр дӕ кард кӕрддзӕмы. Ау, Мӕ Фыд Мын цы хъизӕмӕртты кӕхц ӕрцӕттӕ кодта, уый хъуамӕ ма бануазон?»
Уӕд иннӕ къордты цы хӕстонтӕ уыди, уыдон дӕр сыкъауадындзтӕй ныууасыдысты ӕмӕ сӕ хъуырӕуттӕ ныппырх кодтой. Галиу къухтӕй хӕцыдысты цырӕгътыл, рахизтӕй та — сыкъауадындзтыл, рӕсӕнуаты алыварс сыкъауадындзтӕй уасыдысты ӕмӕ хъӕр кодтой: «Дунедарӕг ӕмӕ Гедеоны сӕраппонд!»