Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 47:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Филистимӕгтӕн се сӕфты бон ӕрцӕудзӕн, Тир ӕмӕ Сидоны фӕстаг цӕдисонтӕ бабын уыдзысты. Дунедарӕг ныццӕгъддзӕн филистимӕгты, Кафторы цӕрджытӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 47:4
27 Iomraidhean Croise  

Ханааны байзӕддӕгтӕ: йӕ хистӕр — Сидон, уый кӕстӕр — Хет,


патрусӕгтӕ, каслухӕгтӕ ӕмӕ кафторӕгтӕ. Кафторӕгтӕй равзӕрдысты филистимӕгтӕ.


Хуыцау куы смӕсты уа — нӕй Йын бауромӕн, Рахавы лӕггадгӕнджытӕ Йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты.


Мӕн амарынмӕ чи бӕллы, уыдон мын ахсӕн хызтӕ сӕвӕрдтой. Ме сӕфтмӕ бӕллынц ӕмӕ мӕ ’лгъитынц, бон-изӕрмӕ сау фӕндтӕ нывӕндынц.


Тӕрхоны бон куы ралӕууа, дардӕй уӕм фыдбылыз куы фӕзына, уӕд чердӕм цы кӕндзыстут, ӕххуысагур кӕмӕ лидздзыстут? Кӕм бафснайдзыстут уӕ бирӕ исбон?


Сахары кулдуар, дзыназ! Нырдиаг кӕн ды дӕр, сахар! Фыр тӕссӕй ризут, филистимӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ цӕгатӕрдыгӕй ӕрбаввахс сты фӕздӕджы къуыбылӕйттӕ — уый ӕрбацӕуы ӕфсад, бырсынц ӕмдых-ӕмзондӕй.


Денджызгӕрон бӕстӕты адӕмтӕ дзурдзысты: «Мӕнӕ цы ’рцыди, нӕ зӕрдӕ кӕуыл дардтам, уыдоныл, ӕххуысагур кӕмӕ цыдыстӕм, Ассирийы паддзахӕй нӕ фервӕзын кӕнут, зӕгъгӕ! Куыд ма фервӕздзыстӕм ныр?»


«Ассириӕгтӕн се сӕфт ӕрцӕудзӕни кардӕй, фӕлӕ адӕймаджы кардӕй нӕ; карды амӕттаг фӕуыдзысты, фӕлӕ уый адӕмы кард нӕ уыдзӕн. Лидзӕг фӕуыдзысты кардӕй, сӕ сахъ хӕстонтӕ суыдзысты цагъартӕ.


Дунедарӕджы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, мастисӕн бон ралӕууыд, ӕмӕ Йе знӕгтӕй Йӕ маст райсдзӕни. Йӕ фыдгулты Йын кард аныхъуырдзӕн, бафсӕддзӕн сӕ тугӕй! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгӕн, Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн, нывонд ӕрхастӕуыд цӕгатаг бӕстӕйы, Евфраты доны был.


Дӕуӕн дӕр, Израилы ӕнаккаг фӕтӕг, фыдгӕнӕг, абон ралӕууыд дӕ тӕригъӕдты фӕстаг бон!


Дӕ пехуымпартӕ дын мӕнг цӕстылуайӕнтӕ кӕй ӕвдисынц ӕмӕ дын фӕлывд дӕсныфӕрсӕнтӕ кӕй кӕнынц, уый тыххӕй ды дӕр бахаудзынӕ, сӕ сӕртӕ кӕмӕн акъуырдӕуыд, уыцы ӕнаккӕгты хыгъдмӕ. Сӕ тӕригъӕдты фӕстаг бон ралӕууыд.


уый тыххӕй Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Мӕ къух сисдзынӕн филистимӕгтӕм — уыцы керетӕгтӕм, стӕй ма сӕ денджызгӕрӕтты чидӕриддӕр баззад, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныццӕгъддзынӕн.


Сӕ бӕстӕйыл сын арт куы бандзарон ӕмӕ сӕ фарсхӕцджытӕ саст куы ’рцӕуой, уӕд мысырӕгтӕ базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


Ӕрцыди афон, ралӕууыди бон! Ӕлхӕнгӕ чи бакодта, уыдон цин ма кӕнӕнт, уӕй чи акодта, уыдон та ма кӕуӕнт, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Мӕ азары хай бауыдзысты.


Тӕрхоны бонтӕ ӕрхӕццӕ сты, тӕригъӕдтӕ фидыны рӕстӕг ӕрцыд — уадз ӕмӕ уый базона Израил! Сымах пехуымпары ӕдылыйыл нымайут, Хуыцауы Удӕй хайджын чи у, уый та — ӕнӕзондыл, тӕригъӕдджын кӕй стут ӕмӕ уе ’нӕуынондзинад стыр кӕй у, уый тыххӕй.


Израилӕгтӕ, сымах Мын эфиопӕгтӕй уӕлдай не стут, — зӕгъы Дунедарӕг. — Ӕз израилӕгты ракодтон Мысырӕй, филистимӕгты — Кафторӕй, арамейӕгты — Кирӕй.


Уымӕн ӕмӕ уыцы бонтӕ сты мастисӕн бонтӕ, цӕмӕй йӕ райдайӕнӕй йӕ кӕронмӕ сӕххӕст уа, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый.


Газӕйы алфамбылай цӕрӕг аввайӕгты та, Кафторӕй чи ӕрбацыд, уыцы адӕм ныццагътой ӕмӕ сӕ бынаты ӕрцардысты.


Сауджын Пинхас ӕмӕ, Израилы дзыллӕйӕ йемӕ чи уыди, уыцы хистӕртӕ — хӕдзарвӕндӕгты фӕтӕгтӕ — Рувимы байзӕддаджы, Гады байзӕддаджы ӕмӕ Менассиайы байзӕддаджы ныхӕстӕм куы байхъуыстой, уӕд бацин кодтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan