Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 46:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Мысыр хӕрдмӕ фӕцыди Нилау, йӕ уылӕнтӕ гуылф кӕнынц фурды донау. Уый загъта: «Хӕрдмӕ фӕцӕудзынӕн, ӕгас зӕхх ӕрӕмбӕрздзынӕн, сахартӕ ӕд цӕрджытӕ бабын кӕндзынӕн!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 46:8
7 Iomraidhean Croise  

Фехъусын ын кӕн: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: фараон, Мысыры паддзах, стыр кӕфхъуындар, Ӕз сыстдзынӕн дӕ ныхмӕ! Нилы донӕфтӕны бадыс ӕмӕ дзурыс, ай мӕ цӕугӕдон у, мӕхицӕн ӕй сарӕзтон, зӕгъгӕ.


«Адӕймаджы фырт! Ныхъхъарӕг кӕн фараоныл, Мысыры паддзахыл: „Адӕмты ’хсӕн ды уыдтӕ домбайы лӕппынау, денджызы кӕфхъуындарау, дӕ цӕугӕдӕтты-иу фынк калдтай дӕ фындзӕй, дӕ дзӕмбытӕй-иу дӕттӕ сызмӕстай, ӕмӕ-иу фестадысты лакъон“.


Рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд цӕгаты паддзахы фырттӕ сӕхи хӕстмӕ сцӕттӕ кӕндзысты, ӕмӕ сӕм стыр ӕфсад ӕрӕмбырд уыдзӕн. Ӕфсымӕртӕй иу йе ’фсадимӕ стыр цӕугӕдонау размӕ бырсдзӕн ӕмӕ суанг хуссары паддзахы фидармӕ бахӕццӕ уыдзӕн.


Куыннӕ хъуамӕ сӕнкъуыса зӕхх, йӕ цӕрджытӕ додой куыннӕ кӕной? Зӕхх Нилы донау гуылфӕнтӕ кӕндзӕн, Мысыры цӕугӕдонау кӕм хӕрдмӕ фӕцӕудзӕн, кӕм дӕлӕмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan