Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 46:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Фӕлӕ цы уынын Ӕз? Фыр тӕссӕй лидзӕг фесты, сӕ гуыппырсарты сын ныццагътой. Фӕстӕмӕ нӕ кӕсгӕйӕ, лидзынц, алырдыгӕй — ӕвирхъау тас, — зӕгъы Дунедарӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 46:5
19 Iomraidhean Croise  

Куы сӕ ракодтой, уӕд Лотӕн загътой: «Гъеныр дӕ сӕр бафснай! Фӕстӕмӕ дӕр мауал фӕкӕс, дӕлвӕзы макуы ӕрлӕуу! Хӕхты ’рдӕм цӕугӕ, науӕд сӕфыс!»


Стыр тас сыл бахӕцдзӕн, се уӕнгтӕ срисдзысты, сӕ буар ӕлхынцъытӕ кӕндзӕни, сау тухӕн ӕвзардзысты ӕвгъӕддон сылгоймагау. Стыр дисы бафтгӕйӕ, кӕрӕдзимӕ кӕсдзысты, арт уадздзысты сӕ цӕсгӕмттӕ.


Уыцы бон мысырӕгтӕ сылгоймӕгтау ныззыр-зыр кӕндзысты, Уӕларвӕфсады Бардарӕг сӕм Йӕ къух куы сиса, уӕд.


Уӕд, йӕ зӕрдӕ гуымирытыл чи дардта, сымах нӕ хуыцӕуттӕ стут, зӕгъгӕ, сын табу чи кодта, уыдон худинаджы бын фӕуыдзысты ӕмӕ алидздзысты».


Уый тыххӕй Дунедарӕджы маст рафыцдзӕни Йӕ адӕммӕ, Йӕ къух сӕм сисдзӕн ӕмӕ сын ахӕм цӕф ныккӕндзӕн, ӕмӕ хӕхтӕ нырриздзысты, адӕмы мӕрдтӕ фосы фаджысау уынгты лӕзӕрдзысты. Фӕлӕ суанг уӕд дӕр Дунедарӕджы маст не ’рсабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни ма сӕм ноджы.


Мӕ алыварс хъуыстон цъыфкалӕн ныхӕстӕ, алырдыгӕй — ӕртхъирӕнтӕ: «Бахъаст ыл кӕнут! Цӕй ӕмӕ йӕ банымудзӕм!» Хӕларӕй кӕимӕ цардтӕн, уыдон ныр, кӕд фӕкӕлдзынӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц: «Кӕд истӕмӕй фӕрӕдиид — уӕд ыл фӕуӕлахиз уыдзыстӕм ӕмӕ дзы нӕ маст райсдзыстӕм».


Цӕмӕн дын басастой дӕ тыхджыны, цӕмӕн фӕцудыдта сӕ разы? Дунедарӕг ӕй зӕхмӕ раппӕрста.


Мысыры суанг ӕххуырст лӕг дӕр — хӕрзхаст гал, ныр лидзӕг фесты: нӕй хъару хӕцынӕн. Се сӕфты бон ралӕууыд, сӕ тӕрхоны рӕстӕг ӕрцыд.


Сӕ цатыртӕ ӕмӕ сӕ рӕгъӕуттӕ, сӕ теуатӕ, се ’мбӕрзӕнтӕ ӕмӕ сын се ’ппӕт мигӕнӕнтӕ байсдзысты ӕмӕ сӕм хъӕр кӕндзысты: «Алырдыгӕй — ӕвирхъау тас!»


Ӕз дыл алырдыгӕй ӕвирхъау тас бафтаудзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — алырдӕмты уӕ фӕсурдзысты, ӕмӕ лигъдӕтты ничиуал ӕрӕмбырд кӕндзӕн.


Ма рацӕут быдыртӕм, фӕндӕгтӕм ма цӕут, уымӕн ӕмӕ алырдыгӕй дӕр — кардӕлвӕст знӕгтӕ, ӕвирхъау тас!


Фыд тас сыл бахӕцдзӕн, сӕ паддзӕхтӕ дӕр фыр тӕссӕй риздзысты, Мӕ кардӕй сӕм куы февзидон, уӕд. Дӕ сӕфты бон сӕ алчидӕр тӕрсдзӕни йӕ удӕн.


Ӕхсарджын лӕгты фыд хӕрдзыстут ӕмӕ бӕстӕйы ӕлдӕртты туг нуаздзыстут, цыма Башаны хӕрзхаст фырытӕ, уӕрыччытӕ, цӕутӕ ӕмӕ галтӕ сты, уыйау.


Аразгӕ цады дон йӕ ауазӕнтӕй куыд ратоны, уыйау адӕм лидзынц Ниневийӕ. Хъӕр сӕм кӕнынц: «Ӕрлӕуут-ма! Ӕрлӕуут!» Фӕлӕ дзы иу дӕр не здӕхы фӕстӕмӕ.


Хӕлоф кӕнут ӕвзистыл! Сыгъзӕрин давут! Сӕ хӕзнатӕ ӕнӕнымӕц сты, банымайӕн дӕр сын нӕй.


Дунедарӕджы тӕрхоны бон ӕрӕввахс! Ралӕудзӕни тагъд! Ныридӕгӕн йӕ уынӕр хъуысы! Уыцы бон куы ралӕууа, уӕд суанг хъӕбатыр хӕстонтӕ дӕр ныдздзыназдзысты!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan