4 Сифтындзут уӕ бӕхтӕ ӕмӕ размӕ згъорут, бӕхджынтӕ! Уӕ уӕлӕ згъӕрхудтӕ ӕмӕ згъӕрхӕдӕттӕ ӕркӕнут! Ӕрцытӕ сцыргъ кӕнут!
Озиа йе ’ппӕт ӕфсадӕн дӕр ӕрцӕттӕ кодта уартытӕ, ӕрцытӕ, такатӕ, згъӕрхӕдӕттӕ, ӕрдынтӕ ӕмӕ дуртӕ дурӕхсӕнтӕн.
Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ мӕ кусджыты иу ӕмбис кусгӕ кодта, иннӕ ӕмбис та ӕд ӕрцытӕ, ӕд уартытӕ ӕмӕ ӕд ӕрдынтӕ, сӕ уӕлӕ уыди згъӕрхӕдӕттӕ, афтӕмӕй лӕууыдысты. Ӕфсадхонтӕ дӕр ӕмбырдӕй уыдысты Иудӕйы хӕдзары фӕскъул.
Хӕстмондагӕй цъӕх арт уадзут, фӕлӕ ризут, адӕмтӕ! Ӕрбайхъусут, дард бӕстӕтӕ! Хӕстмӕ сцӕттӕ кӕнут уӕхи, фӕлӕ ризут, хӕстмӕ сцӕттӕ кӕнут уӕхи, фӕлӕ ризут!
Радзурут Мысыр ӕмӕ Мигдолы, Ноф ӕмӕ Тахпанхесы расидут: «Сыстут, ӕрцӕттӕ кӕнут уӕхи: уӕ алыварс кард алцы ныхъуыры!»
Уӕ фӕттӕ сцыргъ кӕнут, байдзаг кӕнут уӕ фатдонтӕ! Дунедарӕг сцырен кодта Мидийы паддзӕхты, уымӕн ӕмӕ Йӕ зӕрды ис Вавилоны сахар бабын кӕнын. Уый у Дунедарӕджы мастисӕн тӕрхон, Йӕ Кувӕндоны маст сӕ райсдзӕн.
Фатӕхсӕг йе ’рдын саразӕд фатӕхсджыты, згъӕрхӕдӕттӕ чи скодта, уыдоны ныхмӕ! Сӕ лӕппутӕн сын ма тӕригъӕд кӕнут, се ’фсӕддонты сын иууылдӕр ныццӕгъдут!
Адӕймаджы фырт, пехуымпариуӕг кӕн ӕмӕ фехъусын кӕн: Дунедарӕг афтӕ зӕгъы аммонӕгты ӕмӕ сӕ фидисты тыххӕй: кард йӕ кӕрддзӕмӕй ласт ӕрцыди марынӕн, арвӕрттывдау цӕхӕртӕ калынӕн.
Ацы ныхӕстӕ ӕппӕт адӕмтӕн фехъусын кӕнут. Уӕхи сцӕттӕ кӕнут хӕстмӕ! Уӕ сахъгуырдтӕ тохы быдырмӕ рацӕуӕнт!
Саул йӕ хотыхтӕ скодта Давидыл. Йӕ сӕрыл ын ӕркодта ӕрхуы тахъа, йӕ уӕлӕ йын скодта згъӕрхӕдон,
Йӕ сӕрыл уыд ӕрхуы тахъа, йӕ уӕлӕ та — фондз мин шекелы чи ласта, ахӕм згъӕрхӕдон, ӕрхуы цӕгтӕй конд.