3 Ӕрцӕттӕ кӕнут уартытӕ, ӕрцытӕ, хӕсты быдырмӕ рӕвдздӕр рацӕут!
Фынг ӕрӕвӕрдтой, гауызтӕ ӕрытыдтой ӕмӕ минас кӕнынц. Ӕвиппайды ныхъхъӕр чындӕуыд: «Сыстут, барджынтӕ, байсӕрдут уӕ уартытӕ!»
Радзурут Мысыр ӕмӕ Мигдолы, Ноф ӕмӕ Тахпанхесы расидут: «Сыстут, ӕрцӕттӕ кӕнут уӕхи: уӕ алыварс кард алцы ныхъуыры!»
Ацы ныхӕстӕ ӕппӕт адӕмтӕн фехъусын кӕнут. Уӕхи сцӕттӕ кӕнут хӕстмӕ! Уӕ сахъгуырдтӕ тохы быдырмӕ рацӕуӕнт!
Дӕ ныхмӕ рацыди дӕрӕнгӕнӕг! Дӕ фидӕрттӕ ӕмӕ дӕ фӕндӕгтӕ хъахъхъӕн, дӕ астӕу ӕрбабӕтт ӕмӕ дӕ тыхтӕ ӕрбамбырд кӕн.
Дон сис дӕхицӕн ӕмӕ йӕ ӕрӕфснай, уымӕн ӕмӕ дыл знӕгтӕ ӕрхъула кӕндзысты. Дӕ гӕнӕхтӕм дӕр базил! Ӕлыг змӕнт, агуыридуртӕ араз, сфидар кӕн дӕ систӕ!