16 Уый афӕлдӕхта бирӕты. Кӕрӕдзиуыл фӕхаудысты, дзырдтой: «Уӕлӕмӕ сыстут, аздӕхӕм нӕ адӕммӕ, нӕхи зӕххыл ӕгъатыр кардӕй фервӕзӕм!»
Мысыры суанг ӕххуырст лӕг дӕр — хӕрзхаст гал, ныр лидзӕг фесты: нӕй хъару хӕцынӕн. Се сӕфты бон ралӕууыд, сӕ тӕрхоны рӕстӕг ӕрцыд.
Рӕувад нӕ алидздзӕн, ӕмӕ тыхджын нӕ фервӕздзӕн. Фӕкӕлдзысты ӕмӕ зӕххыл ахаудзысты цӕгаты, Евфраты доны был.
Вавилойнаг зӕхкусджытӕ ӕмӕ хуымгӕрдджыты ныццӕгъдут! Ӕгъатыр карды тӕссӕй алчидӕр йӕ адӕммӕ раздӕхӕд, йӕхи зӕхмӕ лидзӕд.
«Вавилонӕн нӕ хостӕ ницы баххуыс сты». «Ныууадзӕм ӕй, ӕмӕ алчидӕр йӕхи зӕхмӕ аздӕхӕд. Уымӕн ӕмӕ йӕ азар сӕххӕссыд уӕларвмӕ, ӕврӕгъты онг схӕццӕ ис».