Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 46:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Дӕ худинаг ӕппӕт адӕмтыл айхъуыст, дӕ хъӕр ӕгас зӕххыл дӕр хъуысы. Дӕ хӕстонтӕй иу иннӕуыл фӕкалди, ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр ӕрхаудысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 46:12
17 Iomraidhean Croise  

Уацайрӕгтимӕ уӕ уӕрджытыл ӕрлӕудзыстут, йе та мӕлӕты амӕттаг бауыдзыстут. Фӕлӕ ууыл дӕр Йӕ маст нӕма ссӕудзӕн, Йӕ къух нӕма ӕруадздзӕни дӕлӕмӕ.


Дунедарӕг зӕгъы: «Ӕз мысырӕгты кӕрӕдзиуыл сардаудзынӕн, ӕмӕ схӕцдзысты ӕфсымӕр ӕфсымӕримӕ, сыхаг сыхагимӕ, сахар сахаримӕ, паддзахад паддзахадимӕ.


Уынджы цӕуджытӕ ӕрдиаг кӕнынц — сӕн нал ис! Хъӕлдзӕгдзинадӕн нал ис йӕ кой дӕр, циндзинад фӕлыгъди а бӕстӕй.


Кӕуы Иудей, йӕ кулдуӕрттӕ фӕлмӕцынц, ныссау сты, лӕзӕрынц зӕххыл; Йерусалимӕй хъарӕг хъуысы.


Ӕппынӕдзух цӕмӕн тындзыс кӕдӕмдӕр, дӕ фӕндӕгтӕ цӕмӕн ивыс? Ассири дӕ сӕгад кодта, Мысыр дӕр дӕ фӕхудинаг кӕндзӕн,


Рӕувад нӕ алидздзӕн, ӕмӕ тыхджын нӕ фервӕздзӕн. Фӕкӕлдзысты ӕмӕ зӕххыл ахаудзысты цӕгаты, Евфраты доны был.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Цӕгатӕй, гуылфгӕнгӕ, ӕрбацӕуынц цӕугӕдӕттӕ. Уӕ зӕхх ӕгасӕй дӕр, цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон, сахартӕ ӕмӕ адӕм иууылдӕр фӕдӕлдон уыдзысты. Бӕхты къӕхты хъӕр, бӕхуӕрдӕтты гыбар-гыбур ӕмӕ сӕ цӕлхыты уынӕрӕй адӕм ныдздзыназдзысты. Ӕгас бӕстӕйы цӕрджытӕ ныккӕудзысты. Ныййарджытӕн сӕ цӕнгты хъару фесӕфдзӕн, ӕмӕ сӕ цотмӕ фӕстӕмӕ нал ракӕсдзысты.


Хъарӕг хъуысы Хешбонӕй Елалемӕ, суанг Йахацы сахармӕ, Цоарӕй Хоронаим ӕмӕ Еглат-Шелишийы онг адӕмы хъӕр хъуысы, уымӕн ӕмӕ Нимримы дӕттӕ байсысдзысты.


Зӕхх нынкъуысдзӕн се сӕфты уынӕрӕй, ӕмӕ сӕ хъӕр Сырх денджызмӕ айхъуысдзӕн.


Вавилон саст куы ’рцӕуа, уӕд зӕхх нынкъуысдзӕн тохы уынӕрӕй, ӕппӕт адӕмтӕ йын фехъусдзысты йӕ хъӕр.


Вавилонӕй райхъуысдзӕн ӕрдиаг, халдейӕгты зӕххӕй — ӕбуалгъ сӕфты уынӕр.


Ассирийы паддзах йӕ хуыздӕр хӕстонтӕм сиды, фӕкӕлфӕкӕлгӕнгӕ, фезгъорынц. Сахары систӕм сбырыдысты, фӕлӕ ныридӕгӕн сӕ разы знаджы гӕнӕхтӕ сырӕзтысты.


Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг, — Кӕфты кулдуарӕй райхъуысдзӕн хъарӕг, Мишнейӕ — дзыназын, къуылдымтӕй — ӕбуалгъ гыбар-гыбур.


Сахары цӕрджытӕй ма удӕгас чи уыди, уыдонӕн сӕ буар къуызыртӕй нал зынд, ӕмӕ адӕм ӕххуысагур дзынӕзтой уӕлӕрвтӕм.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan