4 Ӕз сӕм ӕрвылбон ӕрвыстон Мӕ лӕггадгӕнджыты, пехуымпарты, ахӕм ныхӕстимӕ: «Уе ’лгъаг митӕ ныууадзут, ӕнӕуынон Мын сты».
Дунедарӕг сӕм, сӕ фыдӕлты Хуыцау, ӕдзухдӕр ӕрвыста Йӕ минӕвӕртты, уымӕн ӕмӕ тӕригъӕд кодта Йӕ адӕмӕн, йӕ Цӕрӕнӕн.
Се ’ргом Дӕм раздахдзысты, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, Ды уыдонӕн бирӕ азты фӕбарстай. Фӕдзӕхстай сӕ Дӕ Уды фӕрцы — Дӕ пехуымпарты уылты, фӕлӕ уыдон нӕ хъуыстой, ӕмӕ сӕ Ды ӕцӕгӕлон адӕмты къухтӕм радтай.
Нӕ паддзӕхтӕ, нӕ фӕтӕгтӕ, нӕ сауджынтӕ ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ не ’ххӕст кодтой Де ’Гъдау, нӕ хъуыстой, Ды сын кӕй бафӕдзӕхстай, уыцы фӕдзӕхстытӕм ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм.
Сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сын сӕ фыдракӕндтӕ Ӕз бафиддзынӕн дывӕрӕй, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ зӕхх ӕнаккаг мӕрдтӕй фӕчъизи кодтой, Мӕ зӕххы хай Мын се ’лгъӕгтӕй байдзаг кодтой».
Мӕ лӕггадгӕнджыты, пехуымпарты, ныхӕстӕм куынӕ хъусат, — кӕд сӕм нӕ хъусут, уӕддӕр уӕм Ӕз ӕдзухдӕр кӕй ӕрвитын, уыдонмӕ, —
уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ ныхӕстӕм нӕ хъуыстой, — зӕгъы Дунедарӕг, — Мӕ пехуымпарты уылты сӕм ӕдзухдӕр кӕй ӕрвыстон, уыцы ныхӕстӕм сӕ хъус не ’рдардтой.
Се ’ргомы бӕсты Мӕм раздӕхтой сӕ чъылдым. Ӕз сын ӕдзухдӕр зонд амыдтон, фӕлӕ нӕ хъуыстой, зондамындтӕ ницӕмӕ ӕрдардтой.
Мӕ ном кӕуыл сӕвӕрдӕуыд, уыцы Хӕдзары се ’лгъӕгтӕ сӕвӕрдтой, фӕчъизи йӕ кодтой.
Хинномы фырты дӕлвӕзы Баалӕн кувӕндӕттӕ скодтой, цӕмӕй дзы сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджыты Молохӕн арты нывондӕн хӕссой! Ӕз сын ахӕм бардзырд нӕ радтон! Мӕ хъуыдыйы дӕр нӕ уыд, цӕмӕй ахӕм ӕлгъаг митӕ кӕной ӕмӕ Иудей тӕригъӕдты бынӕй мауал зына!»
Ӕппынӕдзух уӕм Мӕ лӕггадгӕнджыты, пехуымпарты, ахӕм ныхӕстимӕ ӕрвыстон: „Алчидӕр уӕ йӕ галиу фӕндаг ныууадзӕд, сраст кӕнут уӕ хъуыддӕгтӕ, ма кувут ӕндӕр хуыцӕуттӕм, ма сын лӕггад кӕнут ӕмӕ уӕд, уӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыцы зӕххыл цӕрдзыстут“. Фӕлӕ Мӕм нӕ байхъустат, Мӕ ныхӕстӕ Мын ницӕмӕ ӕрдардтат.
Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау: «Ӕз Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн, рагацау сын цы бӕллӕхты тыххӕй загътон, уыдон бавзарын кӕндзынӕн, — Ӕз сын дзырдтон, фӕлӕ нӕ хъуыстой, сидтӕн сӕм, фӕлӕ дзуапп нӕ лӕвӕрдтой».
Ӕмӕ ныр, ӕппӕт уыдӕттӕ кӕй кӕнут, — зӕгъы Дунедарӕг, — кӕд ӕмӕ уын Ӕз ӕдзухдӕр дзырдтон, фӕлӕ нӕ хъуыстат, сидтӕн уӕм, фӕлӕ дзуапп нӕ лӕвӕрдтат,
Ау, Иудейы сахарты ӕмӕ Йерусалимы уынгты цытӕ кӕнынц, уый нӕ уыныс?
Сывӕллӕтӕ сугтӕ ӕмбырд кӕнынц, сӕ фыдӕлтӕ арт ссудзынц, сылгоймӕгтӕ та хыссӕ скӕнынц, цӕмӕй уӕларвы ус-хуыцауӕн гуылтӕ фыцой. Цӕмӕй Мӕн смӕсты кӕной, уый тыххӕй ӕндӕр хуыцӕуттӕн сӕн ӕмӕ сойы хуынтӕ ӕрбахӕссынц.
Уӕ фыдӕлтӕ Мысырӕй куы рацыдысты, уӕдӕй абонмӕ уӕм бонӕй-бонмӕ, ног ӕмӕ ногӕй ӕрвыстон Мӕ лӕггадгӕнджыты — пехуымпарты.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: де ’фсарм кӕй бахордтай ӕмӕ, ӕнӕуаг митыл бафтгӕйӕ, дӕ хӕзгултӕ ӕмӕ де ’ппӕт гуымирытимӕ хъахбай митӕ кӕй кодтай, дӕ цоты сын нывондӕн кӕй хастай,
Фӕлӕ уыдоны ӕлгъаг митау нӕ уыдысты дӕ митӕ, уыдӕттӕ дын фаг нӕ уыдысты, ды уыдонӕй фӕфыддӕр дӕ.
Уӕхицӕй аппарут, ныронг цы тӕригъӕдтӕ кодтат, уыдон ӕмӕ райсут ног зӕрдӕ ӕмӕ ног уд. Израилы адӕм, цӕмӕн хъуамӕ бабын уат?
Ӕз бацыдтӕн ӕмӕ къултыл федтон алы хилӕгойты ӕмӕ ӕлгъаг цӕрӕгойты нывтӕ, стӕй, Израилы адӕм кӕмӕ куывтой, уыцы алыхуызон гуымирыты нывтӕ.
Нӕ паддзӕхтӕ, не ’лдӕрттӕ, нӕ фыдӕлтӕ ӕмӕ не ’ппӕт адӕммӕ Дӕ номӕй чи дзырдта, уыцы пехуымпартӕм, Дӕ лӕггадгӕнджытӕм, нӕ хъуыстам.
Йерусалим адӕмӕй йедзаг ӕмӕ сабыр куы уыди, стӕй йӕ алыварс сахартӕ Негев ӕмӕ Шефелайы дӕр адӕм куы цардысты, уӕд Дунедарӕг Йӕ раздӕры пехуымпарты уылты адӕттӕ нӕ хъусын кодта?“»
Ӕгъгъӕд уын фӕуӕд, ивгъуыд заман муртаттӕгты ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ цы фӕцардыстут, уый — уыдыстут хӕлд адӕм, чъизи монцтӕ, фыднозт ӕмӕ ӕнӕуаг миты уацайрӕгтӕ, куывтат ӕлгъаг мӕнгхуыцӕуттӕн.